Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 8:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уагӕвӕрды тых кӕмӕн уыд, уыцы уынаффӕйы халдихтӕ хъуамӕ фӕхӕццӕ уыдаиккой алы бӕстӕтӕм, стӕй алы адӕмыхатмӕ дӕр, цӕмӕй иудейӕгтӕ уыцы бонмӕ сӕхи цӕттӕйӕ дардтаиккой ӕмӕ се знӕгтӕй сӕ маст райстаиккой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 8:13
9 Iomraidhean Croise  

Уыцы уынаффӕ хъуамӕ хъуыстгонд ӕрцыдаид паддзахады алы ран дӕр, алы адӕмӕн дӕр, цӕмӕй уыцы бонмӕ алчи йӕхи бацӕттӕ кодтаид.


Паддзахы фӕндонмӕ гӕсгӕ фидиуджытӕ паддзахы дугъон бӕхтыл ӕвӕстиатӕй фӕцагайдтой. Уынаффӕ хъуыстгонд ӕрцыди Шушаны дӕр.


Сӕ цӕл сын ахсӕн хыз фестӕд, сӕ минасы фынгтӕ — къӕппӕг.


Ау, уӕдӕ уӕд Хуыцау, ӕхсӕвӕй-бонӕй Йын чи лӕгъстӕ кӕны, Йӕ уыцы ӕвзӕрстыты нӕ бахъахъхъӕндзӕн, ӕви? Мыййаг, Йе ’ххуысимӕ бафӕстиат уыдзӕн?


Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»


Самсон Дунедарӕгмӕ скуывта: «О Дунедарӕг, ӕрхъуыды мӕ кӕн! Хуыцау, хъару мын ратт ныр, ӕмӕ иу хаттӕн филистимӕгтӕй мӕ дыууӕ цӕсты маст сисон!»


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan