Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 8:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Аманмӕ, иудейӕгты знагмӕ, исбонӕй цыдӕриддӕр уыди, уый тӕккӕ уыцы бон паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естерӕн радта, Мардохеймӕ та фӕсидти, уымӕн ӕмӕ йын Естер раргом кодта, Мардохей йын цы бавӕййы, уый.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 8:1
12 Iomraidhean Croise  

Уыцы рӕстӕг Ксерксмӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг авд ӕлдары — Каршена, Шетар, Адмата, Таршиш, Мерес, Марсена, Мемухан — уӕлдай нымад уыдысты, йӕхимӕ сӕ ӕрбаввахс кодта. Паддзахы размӕ сын ӕнӕкъуылымпыйӕ фӕндаг уыди, паддзахады фыццаг лӕгтӕ уыдысты.


Естерӕн, Мардохейы фыды ’фсымӕр Авихаилы чызгӕн, йӕ рад куы ’рцыди ӕмӕ паддзахмӕ куы раст кодта, уӕд ӕппындӕр ницы бадомдта, сылгоймӕгтӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы евнух Хегай йын цӕмӕ бацамыдта, уымӕй уӕлдай. Чи-иу ӕй федта, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цыди Естер.


Мардохейы фыды ’фсымӕр ӕмӕ йӕ ус амардысты, сӕ чызг Хадассӕ, Естер дӕр ӕй хуыдтой, сидзӕрӕй баззад, ӕмӕ йӕ Мардохей схъомыл кодта. Цӕсгомӕй дӕр ӕмӕ кондӕй дӕр Естер тынг рӕсугъд уыди.


«Не знаг, нӕ фыдгул — мӕнӕ ацы саузӕрдӕ Аман», — загъта Естер. Уый фехъусгӕйӕ, Аманыл паддзах ӕмӕ йе ’хсины раз фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд.


Ӕмӕ загъта паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейӕн: «Ӕз Аманы исбон радтон Естерӕн, йӕхи та йын цӕджындзыл сауыгътой, иудейӕгты кӕй цӕгъдын кодта, уый тыххӕй.


Дунедарӕг, мӕ Хуыцау! Кӕуылты сты дӕ диссӕгтӕ, нӕ сӕраппонд цы фӕндтӕ нывӕндыс, уыдон! Дӕуӕн ӕмбал кӕм ис? Дӕ диссӕгты кой Дын ракӕнин, фӕлӕ сӕ ӕз кӕд фӕуыдзынӕн нымад?


Тӕригъӕдджынӕн йӕ фӕдыл цӕуы фыдбылыз, рӕстуды хӕрзиуӕг — ӕвыдӕй цӕрын.


Пайдайыл ӕхца ’фстау дӕтгӕйӕ, йӕ исбоныл чи ’фтауы, уый йӕ мулк, мӕгуыртыл чи ауды, уымӕн ӕмбырд кӕны.


Фӕлӕ йын Хуыцау загъта: „Ӕнӕзонд, ахсӕв дын дӕ уд айстӕуыдзӕн, ӕмӕ уӕд кӕмӕн баззайдзысты, дӕхицӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодтай, уыдон?“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan