Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 7:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Паддзахы дӕлдӕртӕй иу, Харвона йӕ ном, загъта: «Афтӕмӕй Аман та Мардохейы тыххӕй, паддзахӕн хорзы чи бацыди, уый тыххӕй ныссадзын кодта цӕджындз, фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн. Аманы хӕдзары раз цӕттӕйӕ лӕууы». «Уыцы цӕджындзыл ӕй ӕрцауындзут!» — загъта паддзах.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 7:9
20 Iomraidhean Croise  

Йегу рудзынгмӕ скасти ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Мӕ чапартӕ, кӕм стут?» Дыууӕ ӕви йӕм ӕртӕ евнухы ракасти рудзынгӕй.


Ӕвдӕм бон Ксеркс, сӕнӕй дзӕбӕх куы бахъӕлдзӕг, уӕд фӕсидти йӕ авд лӕггадгӕнӕгмӕ, евнухтӕм, — Мехуман, Биззета, Харвона, Бигта, Авагта, Зетар ӕмӕ Каркасмӕ.


Йӕ ус Зереш ӕмӕ йын йӕ хӕлӕрттӕ бауынаффӕ кодтой: «Фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн цӕджындз ныссадзын кӕн ӕмӕ райсом паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй Мардохейы уыцы цӕджындзыл ӕрцауындзой. Ды та зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй паддзахимӕ хуындмӕ ацӕудзынӕ». Аманмӕ хорз фӕкасти уыцы хъуыды, ӕмӕ цӕджындз ныссадзын кодта.


Сӕ ныхас нӕма фесты, афтӕ паддзахы унӕуттӕ сӕ разы алӕууыдысты ӕмӕ Аманы тагъдгӕнгӕ Естеры хуындмӕ акодтой.


Паддзахы марынмӕ цы дуаргӕстӕ хъавыдысты, Ксерксы уыцы унӕуттӕ Бигтан ӕмӕ Терешы хъуыддаг Мардохей кӕй раргом кодта, уый дӕр дзы фыст уыди.


Ӕмӕ загъта паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естер ӕмӕ иудейаг Мардохейӕн: «Ӕз Аманы исбон радтон Естерӕн, йӕхи та йын цӕджындзыл сауыгътой, иудейӕгты кӕй цӕгъдын кодта, уый тыххӕй.


Паддзах загъта, цӕмӕй афтӕ бакӕной. Уынаффӕ Шушаны цӕрджытӕн фехъусын кодтой. Аманы дӕс фырты мӕрдтӕ цӕджындзыл ауыгъд ӕрцыдысты.


Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.


О Хуыцау, Дӕ хорзӕхӕн аргъ нӕй! Дӕ базыры бын бакодтай адӕмы,


Дӕ бӕлоны уд знӕгты къухмӕ ма ратт, Дӕ зӕрдӕсаст адӕмы рохуаты ма ныууадз бынтон.


Паддзах бардзырд радта, цӕмӕй, Даниилы фӕазымджын кӕныныл чи архайдта, уыцы лӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ ӕд сывӕллӕттӕ домбӕйтты хъоргъы ныппарой. Хъоргъы бынмӕ нӕма ныххӕццӕ сты, афтӕ сӕм домбӕйттӕ фӕлӕбурдтой ӕмӕ сын се стджытӕ дӕр ма бахсыдтой.


Дӕ паддзахады барджынтӕ, стыр хицӕуттӕ, уынаффӕйы лӕгтӕ ӕмӕ уллутӕ ахсджиагыл нымайынц, цӕмӕй паддзах ахӕм бардзырд ратта: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ мачи скувӕд, стӕй дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр мачи бацӕуӕд курӕг. Чи нӕ байхъуса, уый та домбӕйтты хъоргъмӕ ӕппӕрст ӕрцӕуӕд.


Стӕй Давид базгъордта филистимагмӕ, йӕ кардыл ын ныххӕцыд ӕмӕ йӕ кӕрддзӕмӕй сласта, ӕрцавта дзы филистимаджы ӕмӕ йын йӕ сӕр ралыг кодта. Филистимӕгтӕ сӕ богалы мардӕй куы федтой, уӕд лидзӕг фесты.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan