Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 7:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Паддзах фӕстӕмӕ куы ӕрбацыди ӕмӕ Аманы Естеры бадӕны раз гуыбырӕй куы федта, уӕд фӕхъӕр кодта: «Ӕхсин-паддзахмӕ дӕр ма дӕ зӕрдӕ бахъазыди мӕ тӕккӕ хӕдзары?!» Куыддӕр паддзахы дзыхӕй уыцы ныхӕстӕ схаудтой, афтӕ хъахъхъӕнджытӕ Аманы ацахстой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 7:8
9 Iomraidhean Croise  

Уыцы бадт куы ахицӕн ис, уӕд та Шушаны цӕрджытӕн хъӕздыгӕй, мӕгуырӕй, паддзахы дыргъдоны фынгтӕ равӕрын кодта ӕмӕ сӕ иннабонӕй-иннабонмӕ фӕхынцта.


Сӕ сӕрмӕ урс ӕмӕ ӕрвхуыз гӕн хъуымӕцтӕ ӕвзист хъайвантӕм ӕмӕ урс мраморӕй конд цӕджындзтӕм фидаргонд уыдысты урс, лыстӕг гӕнӕй конд, стӕй сӕнт сырх синӕгтӕй. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист бадӕнтӕ лӕууыдысты порфир, мрамор, ӕргъӕу ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕй конд астӕрдыл.


Уый фӕстӕ Мардохей галуаны бахизӕнмӕ фӕстӕмӕ йӕ куыстмӕ ацыди, Аман та мастгӕнгӕ атындзыдта сӕхимӕ, йӕ сӕр ӕрбатыхта, афтӕмӕй.


Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.


Фыдгӕнджыты къухы ис зӕхх, ӕмӕ тӕрхоны лӕгты цӕстытӕ кӕд Уый нӕ бакуырм кӕны, уӕд чи?


Дунедарӕг дӕ ардыгӕй фехсдзӕн, богал, алырдыгӕй дӕ ӕрбалвасдзӕн,


Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: фыййау иуӕй-иу хатт домбайы дзыхӕй фысы дыууӕ къахы кӕнӕ хъусы ’рдӕг куыд фелвасы, раст афтӕ фервӕздзысты, Самарийы хуыссӕнты ӕмӕ Дамаскы къӕлӕтджынты цы израилӕгтӕ улӕфынц, уыдон.


Ӕмӕ Йыл чидӕртӕ тутӕ кӕнын райдыдтой, Йӕ цӕсгом-иу Ын бамбӕрзтой, цавтой Йӕ ӕмӕ Йын дзырдтой: «Кӕд пехуымпар дӕ, уӕд Дӕ чи ныццавта, уый-ма базон». Хъахъхъӕнджытӕ дӕр Ын Йӕ рустӕ цавтой.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan