6 «Не знаг, нӕ фыдгул — мӕнӕ ацы саузӕрдӕ Аман», — загъта Естер. Уый фехъусгӕйӕ, Аманыл паддзах ӕмӕ йе ’хсины раз фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд.
Уыцы хабар нӕ фыдгултӕ куы фехъуыстой, нӕ алыварс адӕмтӕ йӕ иууылдӕр сӕхи цӕстӕй куы федтой, уӕд сӕхимӕ ӕгад ӕркастысты: бамбӕрстой, хъуыддаг нӕ Хуыцауы фӕндӕй кӕй сӕнтысти, уый.
Уӕд паддзах йе ’нгуылдзӕй къухдарӕн рафтыдта ӕмӕ йӕ Аманӕн, агагаг Хаммедатайы фыртӕн, дзуттӕгты удхорӕн, радта. Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Ацы ӕвзист дӕу уӕд, уыцы адӕмӕн та, цы дӕ фӕнды, уый кӕн».
«Чи у уагӕры? — баййардта паддзах Ксеркс Естеры. — Ӕмӕ кӕм ис, афтӕ бакӕнынмӕ йӕ ныфс чи бахаста, уый?»
Аманмӕ, иудейӕгты знагмӕ, исбонӕй цыдӕриддӕр уыди, уый тӕккӕ уыцы бон паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естерӕн радта, Мардохеймӕ та фӕсидти, уымӕн ӕмӕ йын Естер раргом кодта, Мардохей йын цы бавӕййы, уый.
Куы Дӕм дзыназон, мӕ къухтӕ-иу Дӕ рухс Кувӕндонмӕ куы сивазон, уӕд-иу мын айс мӕ куывд!
Паддзахы маст — мӕлӕты уацхӕссӕг, фӕлӕ йӕ куырыхон басабыр кӕны.
Бӕстӕйӕн йӕ хуыздӕр ӕфтиаг — чи йыл ауды, уыцы паддзах.
Тас бацыди мӕ зӕрдӕйы, ӕмризӕджы ризын. Изӕрмилтӕм-иу зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кастӕн, ныр мыл уыдон дӕр стыр тас ӕфтауынц.
Фӕлӕ уырнджытӕн сымах тӕрхон цӕуылнӕ кӕнут? Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Фӕсурут уе ’хсӕнӕй хӕлд адӕймаджы!».
Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй.
Дунедарӕг тӕрхонгӕнӕг фӕуӕд не ’хсӕн, ӕмӕ дӕ Дунедарӕг райсӕд мӕ маст. Ӕз дӕм мӕ къух нӕ сисдзынӕн.