5 «Чи у уагӕры? — баййардта паддзах Ксеркс Естеры. — Ӕмӕ кӕм ис, афтӕ бакӕнынмӕ йӕ ныфс чи бахаста, уый?»
Исаак фыр адӕргӕй базыр-зыр кодта ӕмӕ загъта: «Уӕдӕ де ’рбацыды хӕд размӕ цы сырды фыдӕй бахордтон, уый мын чи ӕрбахаста? Ӕз ын раарфӕ кодтон, ӕмӕ йыл уыцы арфӕ баззайдзӕн».
Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин».
«Не знаг, нӕ фыдгул — мӕнӕ ацы саузӕрдӕ Аман», — загъта Естер. Уый фехъусгӕйӕ, Аманыл паддзах ӕмӕ йе ’хсины раз фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд.
Фыдгӕнджыты къухы ис зӕхх, ӕмӕ тӕрхоны лӕгты цӕстытӕ кӕд Уый нӕ бакуырм кӕны, уӕд чи?
Петр ын загъта: «Ананиа, сайтаны дӕ зӕрдӕмӕ цӕмӕн бауагътай — Сыгъдӕг Удӕн мӕнг цӕмӕн загътай ӕмӕ, дӕ зӕххӕй цы ӕхцатӕ райстай, уыдонӕй цӕмӕн басусӕг кодтай?