Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 7:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уымӕн ӕмӕ ӕз ӕмӕ мӕ адӕм уӕйгонд ӕрцыдыстӕм — хъуамӕ нӕ бындзагъд, быныскъуыд ӕмӕ бынсӕфт фӕкӕной. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй нӕ цагъар уӕд та куы саразиккой, уӕд мӕ дзыхыл ныххӕцин ӕмӕ паддзахы нӕ батыхсын кӕнин».

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 7:4
18 Iomraidhean Croise  

Махӕн дӕр, дам, не ’фсымӕрты буары хуызӕн ис, нӕ фырттӕ дӕр, дам, уыдоны фыртты хуызӕн сты, афтӕмӕй, дам, махӕн нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ ӕххуырсты дӕттинаг фесты. Ныридӕгӕн, дам, нӕ чызджытӕй иуӕй-иутӕ кӕмӕндӕр цагъар сты ӕмӕ сӕ балхӕнын та ӕппындӕр нӕ амоны нӕ къух. Нӕ хуымтӕ дӕр ӕмӕ, дам, нӕ сӕндӕттӕ дӕр кӕйдӕр къухты сты.


Фӕдисӕттӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм тӕргӕбӕхӕй фӕхӕццӕ кодтой паддзахы уынаффӕ — дыууадӕсӕм мӕйы, ома адары, ӕртындӕсӕм бон дзуттӕгты иууылдӕр ӕмбойны — зӕрондӕй, ӕрыгонӕй, ӕд сабитӕ ӕмӕ сылгоймӕгтӕ — ныццӕгъдут, ныммарут, мыггагыскъуыд фӕкӕнут, сӕ исбон та сын хӕлӕттаг фӕкӕнут, зӕгъгӕ.


«Чи у уагӕры? — баййардта паддзах Ксеркс Естеры. — Ӕмӕ кӕм ис, афтӕ бакӕнынмӕ йӕ ныфс чи бахаста, уый?»


«Не знаг, нӕ фыдгул — мӕнӕ ацы саузӕрдӕ Аман», — загъта Естер. Уый фехъусгӕйӕ, Аманыл паддзах ӕмӕ йе ’хсины раз фыр тӕссӕй ризӕг бахӕцыд.


Кӕцыфӕнды сахары ма уӕд, алы ран дӕр паддзах иудейӕгтӕн бар лӕвӕрдта, цӕмӕй, чидӕриддӕр сӕ бахъыгдара, уыдоны ныхмӕ ӕмбырдӕй ралӕууой ӕмӕ се знӕгты ӕд устытӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ бындзагъд ныккӕной, сӕ исбон та сын сӕхицӕн ӕрбатӕлӕт кӕной.


Уымӕн ӕмӕ, мӕ адӕмы сӕфтмӕ кӕсгӕйӕ, ӕз ӕнцад куыд лӕууон, куыд кӕсон ӕнцад мӕ туг, ме стӕджы сӕфтмӕ?»


Фӕлӕ Естер паддзахмӕ куы бацыди, уӕд уый ног уынаффӕ рахаста, ӕмӕ Аман иудейӕгты ныхмӕ цы фыдвӕнд сарӕзта, уый йӕхи сӕрыл ӕрцыди — йӕхи дӕр ӕмӕ йын йӕ фыртты дӕр цӕджындзыл ӕрцауыгътой.


ӕмӕ сын сӕ сӕргъы ӕртӕ стыр хицауы сӕвӕрдта. Паддзахы барджынтӕ хъуамӕ стыр хицӕутты раз дзуапп лӕвӕрдтаиккой, цӕмӕй паддзахады мацы знаггад ӕрцӕуа. Ӕртӕ хицауӕй иу уыди Даниил.


Сымах Иудӕ ӕмӕ Йерусалимы адӕмы бердзенӕгтӕн уӕй кодтат, цӕмӕй сӕ хауӕццаг фӕкӕнат сӕ райгуырӕн зӕххӕй.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: Израилы фыдракӕндтӕй иунӕг дӕр нӕ ныббардзынӕн. Раст адӕймаджы уӕй кӕнынц ӕвзистыл, мӕгуыр лӕджы — дыууӕ дзабырыл.


Фӕлӕ уыцы цагъар йӕхинымӕр афтӕ куы зӕгъа, цӕй, мӕ хицау нырма рӕхджы нӕ фӕзындзӕни, ӕмӕ уыйадыл лӕггадгӕнӕг нӕлгоймӕгтӕ ӕмӕ сылгоймӕгты нӕмын куы райдайа, нуӕзтыл куы схӕца ӕмӕ расыгӕй куы цӕуа,


Ӕз уын афтӕ кӕмӕй загътон, нал ӕй фендзыстут, зӕгъгӕ, раст уӕ уыцы фӕндагыл уӕ наутыл аздахдзӕни Дунедарӕг фӕстӕмӕ Мысырмӕ. Нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй уыцы ран уымӕ бӕлдзыстут, цӕмӕй уӕ исчи йӕхицӕн цагъайраг скӕна, фӕлӕ уӕ хъуыдыгӕнӕг нӕ уыдзӕн».


Ӕлгъыст стут уый тыххӕй! Уӕ фӕды-фӕдмӕ уыдзыстут цагъартӕ, суг сӕтдзыстут ӕмӕ дон хӕсдзыстут мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн!»


Баззай мемӕ, тӕрсгӕ ма кӕн. Уымӕн ӕмӕ, дӕу амарын кӕй зӕрды ис, мӕн амарын дӕр уый зӕрды ис. Фыдбылызӕй хызт уыдзынӕ мӕнмӕ».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan