Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 7:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ӕмӕ загъта ӕхсин-паддзах Естер: «Паддзах, кӕд мӕ дӕ хорзӕх ис, кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд дӕ курын, цӕмӕй мӕ ма амарой, цӕмӕй мын мӕ адӕммӕ дӕр ма бавналой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 7:3
9 Iomraidhean Croise  

Йӕ дӕлдӕртӕ йын загътой: «Израилы паддзӕхтӕ хатыргӕнаг вӕййынц, зӕгъгӕ, фехъуыстам. Гъемӕ нын бар ратт, ӕмӕ нӕ астӕутыл ӕрбатухӕм сӕхъистӕ, нӕ хъуыртыл та — синӕгтӕ ӕмӕ афтӕмӕй Израилы паддзахмӕ рацӕуӕм, кӕд дын, мыййаг, ныббарид ӕмӕ дӕ нӕ амарид».


Паддзах арвыста ӕртыккаг фӕндзайыхицауы йӕ фӕндзай хӕстонимӕ. Уый Илийамӕ куы схӕццӕ ис, уӕд йӕ разы йӕ уӕрджытыл ӕрхауд ӕмӕ йын балӕгъстӕ кодта: «Хуыцауы минӕвар! Дӕ хорзӕхӕй, мӕн дӕр ӕмӕ дӕ цагъарты, мӕнӕ ацы фӕндзай хӕстоны дӕр, ма бабын кӕн.


Радта унӕутмӕ, дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй Шушаны цы уынаффӕ хаст ӕрцыд, уыцы ӕвдисӕнгӕххӕт дӕр — цӕмӕй йӕ Естер фена ӕмӕ ӕппӕт дӕр базона. Уымӕй уӕлдай ма йӕм ныхас арвыста, паддзахмӕ дын цӕугӕ у, хъуамӕ йын дӕ адӕмы тыххӕй балӕгъстӕ кӕнай, зӕгъгӕ.


Паддзах йӕ маст нӕ урӕдта. Адӕргӕй фынгӕй фестади ӕмӕ галуаны дыргъдонмӕ йӕхи аппӕрста. Аман бамбӕрста, паддзах ын кӕй нӕ ныббардзӕн, уый. Естеры раз ӕргуыбыр кодта ӕмӕ ӕхсин-паддзахӕн хъуырыцъарӕй лӕгъстӕ кӕнынмӕ фӕци, цӕмӕй йӕ ма амарой.


Загъта: «Кӕд мӕ паддзахы хорзӕх ис ӕмӕ йын кӕд уыцы хъуыддаг фӕндон у ӕмӕ йӕ растыл нымайы, уӕд аивӕд, агагаг Хаммедатайы фырт Аман ӕппӕт паддзахады иудейӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый.


«Йӕхи цармӕн мацы уӕд, уый йеддӕмӕ адӕймаг кӕйфӕнды царм дӕр рауӕлдай кӕндзӕн, — дзуапп радта сайтан Дунедарӕгӕн. — Йӕхи царды сӕраппонд, цыдӕриддӕр ӕм ис, уыдоныл фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцдзӕн.


Уӕд-иу сын ахӕм дзуапп ратт: „Ӕз лӕгъстӕ кодтон паддзахӕн, цӕмӕй мӕ Йонатаны хӕдзармӕ мауал арвита ӕмӕ уым ма амӕлон“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan