Естер 6:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст9 Уыцы дарӕс ӕмӕ уыцы бӕхы паддзахы уӕздантуг дӕлбарты нымаддӕры бар бакӕнӕнт. Уӕздӕтты нымаддӕр, паддзахы хорзӕх кӕй фӕцис, ууыл скӕнӕд уыцы дарӕс, уыцы бӕхыл ӕй сбадын кӕнӕд, стӕй, бӕхы рохтыл хӕцгӕйӕ, сахары фӕзмӕ рацӕуӕд ӕмӕ фехъусын кӕнӕд: „Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах ахӕм кад кӕны!“» Faic an caibideil |
Аман ӕрбацыди. Паддзах ӕй фӕрсы: «Паддзах кады аккагыл кӕй нымайы, уыцы адӕймагӕн цы хорз ракӕнӕн ис?» Йӕ мӕгуыр зӕрдӕйӕ Аман афтӕ банхъӕлдта, паддзах ын йӕхицӕй дзуры, ӕмӕ загъта: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕймагӕн ӕрбахӕссӕнт паддзахы дарӕс ӕмӕ ӕрбакӕнӕнт паддзахы бӕх, йӕ фӕлыст — паддзахы аккаг, хуыздӕр нӕй, ахӕм.