Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 6:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6-8 Аман ӕрбацыди. Паддзах ӕй фӕрсы: «Паддзах кады аккагыл кӕй нымайы, уыцы адӕймагӕн цы хорз ракӕнӕн ис?» Йӕ мӕгуыр зӕрдӕйӕ Аман афтӕ банхъӕлдта, паддзах ын йӕхицӕй дзуры, ӕмӕ загъта: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уыцы адӕймагӕн ӕрбахӕссӕнт паддзахы дарӕс ӕмӕ ӕрбакӕнӕнт паддзахы бӕх, йӕ фӕлыст — паддзахы аккаг, хуыздӕр нӕй, ахӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 6:6
19 Iomraidhean Croise  

«Уӕдӕ паддзах Ксерксы фӕндон кӕй ницӕмӕ ’рдардта, уый тыххӕй уагӕвӕрдмӕ гӕсгӕ цы гӕнгӕ у ӕхсин-паддзах Ваштийӕн?»


Йӕхицӕй ӕппӕлынӕй сын нал ӕфсӕсти — куыд кадджын ӕмӕ бонджын у, куыд бирӕ фырттӕ йын ис, куыд хъулон у паддзахӕн иннӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ дӕлбарты ’хсӕн.


Скодта дарӕс Мардохейыл Аман, сбадын ӕй кодта бӕхыл ӕмӕ йӕ, бӕхы рохтыл хӕцгӕ, сахары фӕзмӕ раласта хъӕргӕнгӕ: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах афтӕ кад кӕны!»


Лӕггадгӕнджытӕ дзуапп радтой паддзахӕн: «Аман у уый». Паддзах загъта: «Мидӕмӕ рацӕуӕд».


Уыцы дарӕс ӕмӕ уыцы бӕхы паддзахы уӕздантуг дӕлбарты нымаддӕры бар бакӕнӕнт. Уӕздӕтты нымаддӕр, паддзахы хорзӕх кӕй фӕцис, ууыл скӕнӕд уыцы дарӕс, уыцы бӕхыл ӕй сбадын кӕнӕд, стӕй, бӕхы рохтыл хӕцгӕйӕ, сахары фӕзмӕ рацӕуӕд ӕмӕ фехъусын кӕнӕд: „Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах ахӕм кад кӕны!“»


Ӕнӕзӕндтӕ сӕ хивӕнды тыххӕй фесӕфдзысты, ӕдылыты се ’нӕмӕтдзинад бабын кӕндзӕн.


Сӕфты размӕ фӕзыны сӕрыстырдзинад, ӕрхауыны размӕ — ӕнӕввӕрсондзинад.


Хъӕздыгӕн йӕ исбон — йӕ фидар мӕсыг, бӕрзонд сисау ӕм кӕсы.


Ис, ӕнӕввӕрсон чи у, ахӕмтӕ, иннӕтӕм уӕлейӕ дӕлӕмӕ кӕсынц.


Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.


Мӕ хорзӕхтӕ сын цинимӕ дӕтдзынӕн, зӕрдиагӕй сӕ ацы зӕххыл байтаудзынӕн».


Дӕ къӕйных зӕрдӕ дӕ фӕсайдта, къӕдзӕхты ’хсӕн цӕрыс ӕмӕ дзурыс: «Чи мӕ раппардзӕни зӕхмӕ?»


Ӕмӕ уӕлӕрвтӕй ӕрыхъуысти: «Ай мӕ уарзон Фырт у. Ӕз Ыл аудын».


уӕд, уӕ дыууӕйы дӕр чи фӕхуыдта, уый дӕм ма бацӕуа ӕмӕ дын ма зӕгъа: „Дӕ бынат уымӕн ратт“. Ӕмӕ уӕд къӕмдзӕстыгӕй фынджы кӕрон сбаддзынӕ.


цӕмӕй, Фыды куыд нымайынц, Фырты дӕр афтӕ нымайой. Фырты чи нӕ нымайы, уый Йын Йӕ рарвитӕг Фыды дӕр нӕ нымайы.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan