Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 6:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Уыцы рӕстӕг Аман, цы цӕджындз ӕрцӕттӕ кодта, ууыл цӕмӕй Мардохейы ӕрцауындзой, уый тыххӕй зӕгъынмӕ ӕрбацыди паддзахмӕ. Паддзах бафарста: «Кӕрты чи ис?»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 6:4
12 Iomraidhean Croise  

«Паддзахы дӕлбартӕ иууылдӕр ӕмӕ йӕ паддзахады адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр хорз куы зонынц, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, чифӕнды ма уӕд, ӕнӕхонгӕйӕ паддзахмӕ, мидӕггаг кӕртмӕ, бацыди, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнӕ маргӕ нӕй. Кӕд ӕмӕ йӕм паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕг ӕрбадаргъ кӕна, уӕд ӕрбацӕуӕг удӕгасӕй баззайдзӕни. Мӕнмӕ та ныр дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы паддзахӕй дзырд нӕ уыди, ардӕм рацу, зӕгъгӕ».


Ӕртыккаг бон Естер йӕ уӕлӕ скодта йӕ паддзахфӕлыст, ацыд ӕмӕ паддзахы дуары раз слӕууыди. Паддзах йӕ къӕлӕтджыны бадти, йӕ цӕсгом — дуары ’рдӕм.


Йӕ ус Зереш ӕмӕ йын йӕ хӕлӕрттӕ бауынаффӕ кодтой: «Фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн цӕджындз ныссадзын кӕн ӕмӕ райсом паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй Мардохейы уыцы цӕджындзыл ӕрцауындзой. Ды та зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй паддзахимӕ хуындмӕ ацӕудзынӕ». Аманмӕ хорз фӕкасти уыцы хъуыды, ӕмӕ цӕджындз ныссадзын кодта.


Паддзах бафарста: «Уый тыххӕй Мардохейӕн цы кад скодтой, цы хорзӕх ын радтой?» Ӕмӕ йӕ дӕлбартӕ, лӕггад ын чи кодта, уыдон загътой: «Ницы».


Лӕггадгӕнджытӕ дзуапп радтой паддзахӕн: «Аман у уый». Паддзах загъта: «Мидӕмӕ рацӕуӕд».


Паддзахы дӕлдӕртӕй иу, Харвона йӕ ном, загъта: «Афтӕмӕй Аман та Мардохейы тыххӕй, паддзахӕн хорзы чи бацыди, уый тыххӕй ныссадзын кодта цӕджындз, фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн. Аманы хӕдзары раз цӕттӕйӕ лӕууы». «Уыцы цӕджындзыл ӕй ӕрцауындзут!» — загъта паддзах.


Ӕгӕр зондджынтӕн сӕ хинтӕ сӕхи ныхмӕ саразы, хинӕйдзӕгтӕн сӕ фӕндтӕ фехалы.


Йӕ паддзахы бадӕн арв Кӕмӕн у, Уый сыл худы, худӕгӕй сыл мӕлы Дунедарӕг.


Састзӕрдӕты фарсмӕ ’рбалӕууы Дунедарӕг, фервӕзын кӕны ныфссасты.


Дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕн, уымӕн ӕмӕ мӕрдтыбӕстӕм куы ацӕуай, уӕд дын уым кусын, хъуыды кӕнын ӕмӕ куырыхон уӕвынӕн фадат нӕ уыдзӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan