14 Сӕ ныхас нӕма фесты, афтӕ паддзахы унӕуттӕ сӕ разы алӕууыдысты ӕмӕ Аманы тагъдгӕнгӕ Естеры хуындмӕ акодтой.
Йӕ ус Зереш ӕмӕ йын йӕ хӕлӕрттӕ бауынаффӕ кодтой: «Фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн цӕджындз ныссадзын кӕн ӕмӕ райсом паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй Мардохейы уыцы цӕджындзыл ӕрцауындзой. Ды та зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй паддзахимӕ хуындмӕ ацӕудзынӕ». Аманмӕ хорз фӕкасти уыцы хъуыды, ӕмӕ цӕджындз ныссадзын кодта.
Паддзах загъта: «Аманмӕ фӕдзурут, ӕмӕ Естеры фӕндон ӕххӕстгонд куыд уа!» Уыйадыл паддзах Естеры хуындмӕ фӕзынди Аманимӕ.
Ацыдысты паддзах ӕмӕ Аман Естеры хуындмӕ.