Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 6:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Скодта дарӕс Мардохейыл Аман, сбадын ӕй кодта бӕхыл ӕмӕ йӕ, бӕхы рохтыл хӕцгӕ, сахары фӕзмӕ раласта хъӕргӕнгӕ: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах афтӕ кад кӕны!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 6:11
9 Iomraidhean Croise  

Евфраты фале цы фӕрсбӕстӕ ис, уымӕн йӕ бӕстыхицау Таттенай ӕмӕ Шетар-Бознай се ’мбӕлттимӕ ӕнӕкъуылымпыйӕ паддзах Дарийы бардзырд сӕххӕст кодтой.


Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Уӕдӕ фӕстиат ма кӕн, афтӕмӕй, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн: цы дарӕс ӕмӕ бӕхы кой кодтай, уыдон — паддзахы дуаргӕс иудейаг Мардохейӕн! Цы загътай, уыдонӕй дӕ мацы ферох уӕд!»


Уый фӕстӕ Мардохей галуаны бахизӕнмӕ фӕстӕмӕ йӕ куыстмӕ ацыди, Аман та мастгӕнгӕ атындзыдта сӕхимӕ, йӕ сӕр ӕрбатыхта, афтӕмӕй.


Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


Бынӕттон уӕлдӕр хицауӕй, ӕнӕуи хицауӕй, бардарӕй, паддзахы хъуыддӕгтӕ ӕххӕстгӕнӕгӕй — иууылдӕр Мардохейы тасӕй дзуттӕгты фарс фесты.


Легъуи бӕласмӕ чи зилы, уый йын йӕ дыргътӕй хӕрдзӕн, йӕ хицауыл чи тыхсы, уый та скадджын уыдзӕн.


Ӕфхӕргӕ дӕ чи кодта ӕмӕ дӕ чи ницӕмӕ дардта, уыдоны фырттӕ дӕм ӕрбацӕудзысты ӕмӕ дӕ разы сӕ зонгуытыл ӕрхаудзысты. Схондзысты дӕ Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы сахар — Сион.


Тыхджынты раппӕрста сӕ бадӕнтӕй ӕмӕ сбӕрзонд кодта сӕрныллӕгты.


Сайтаны ӕмбырды чи ис, йӕхи иудейаг чи хоны, афтӕмӕй иудейаг нӕ, фӕлӕ фӕливӕг чи у, уыдонӕн Ӕз бакӕндзынӕн афтӕ: ӕрцӕудзысты ӕмӕ дӕ къӕхты бынмӕ ӕрхаудзысты, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз дӕ кӕй бауарзтон, уый.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan