Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 6:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Ӕмӕ загъта паддзах Аманӕн: «Уӕдӕ фӕстиат ма кӕн, афтӕмӕй, куыддӕриддӕр загътай, афтӕ бакӕн: цы дарӕс ӕмӕ бӕхы кой кодтай, уыдон — паддзахы дуаргӕс иудейаг Мардохейӕн! Цы загътай, уыдонӕй дӕ мацы ферох уӕд!»

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 6:10
7 Iomraidhean Croise  

Уӕдӕ зонут, Ахавы хӕдзары тыххӕй Дунедарӕг Йӕ цагъар Илийайӕн цыдӕриддӕр загъта, уыцы ныхӕстӕй иунӕг дӕр ӕнӕ сӕххӕст уӕвгӕ нӕ баззайдзӕн».


Скодта дарӕс Мардохейыл Аман, сбадын ӕй кодта бӕхыл ӕмӕ йӕ, бӕхы рохтыл хӕцгӕ, сахары фӕзмӕ раласта хъӕргӕнгӕ: «Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах афтӕ кад кӕны!»


Уыцы дарӕс ӕмӕ уыцы бӕхы паддзахы уӕздантуг дӕлбарты нымаддӕры бар бакӕнӕнт. Уӕздӕтты нымаддӕр, паддзахы хорзӕх кӕй фӕцис, ууыл скӕнӕд уыцы дарӕс, уыцы бӕхыл ӕй сбадын кӕнӕд, стӕй, бӕхы рохтыл хӕцгӕйӕ, сахары фӕзмӕ рацӕуӕд ӕмӕ фехъусын кӕнӕд: „Паддзахы хорзӕх кӕй ис, уымӕн паддзах ахӕм кад кӕны!“»


Уымӕн ӕмӕ, йӕхи бӕрзонд бынаты чи ӕвӕры, уый ӕрныллӕг уыдзӕн, йӕхи ныллӕг чи кӕны, уый та сбӕрзонд уыдзӕн».


Цас хъал уыд ӕмӕ цас парахатӕй царди, уыйас ын бавзарын кӕнут хъизӕмар ӕмӕ маст. Уымӕн ӕмӕ хинымӕр зӕгъы: „Ӕз ус-паддзахау бадын, ӕз идӕдз нӕ дӕн ӕмӕ маст нӕ бавзардзынӕн!“


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan