Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 6:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 6:1
12 Iomraidhean Croise  

Уыцы бынат Авраам схуыдта Йахве-Ире. Уымӕ гӕсгӕ фӕзӕгъынц ныр дӕр, Дунедарӕджы хохыл бӕрӕг уыдзӕни, зӕгъгӕ.


Мардохейы лӕгдзинад ӕмӕ намысджын хъуыддӕгтӕ ӕмӕ, паддзах ӕй цы бӕрзӕндтӕм систа, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ сӕ бынат ссардтой Миди ӕмӕ Персы азфыстыты.


Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз куы бадти, уӕд паддзахы дӕлдӕртӕ, йӕ дуаргӕстӕ Бигтан ӕмӕ Тереш, паддзах Ксерксы ныхмӕ фыдвӕнд сарӕзтой, цӕмӕй йӕ амарой.


Мардохей уый базыдта ӕмӕ йӕ Естерӕн загъта, Естер та йӕ Мардохейы номӕй паддзахӕн фехъусын кодта.


Уыйадыл хъуыддагмӕ каст ӕрцыди, сбӕлвырд ӕй кодтой ӕмӕ дыууӕйы дӕр бӕласыл ӕрцауыгътой. Ӕппӕт уыдӕттӕ та паддзахы цӕстыты раз азфыстмӕ хаст ӕрцыдысты.


Дунедарӕг загъта: «Мӕ мӕгуыр, Мӕ гӕвзыкк адӕм дойныйӕ мӕлынц ӕмӕ дон нӕ арынц, донмондагӕй се ’взаг сӕ комы ныххус ис. Фӕлӕ сӕ Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау — фехъусдзынӕн, сӕ тыхсты сӕ нӕ ныууадздзынӕн.


Вавилойнаг паддзах Навуходоносор дыккаг аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд федта ӕнахуыр фын. Уыйадыл катайы бацыд ӕмӕ йӕ хуыссӕг нал ахста.


Дарий йӕ галуанмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд йӕ дзыхмӕ хойраг нал схаста. Хуыссӕг ӕй нал ахста, ӕмӕ уыцы ӕхсӕв йӕ номылустыты дӕр ӕрбакӕнын нӕ бауагъта.


Фӕлӕ Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дунедарӕг уыны ӕмӕ хъусы уыдӕттӕ. Чи дзы тӕрсы ӕмӕ Йын кад чи кӕны, уыдоны нӕмттӕ зӕрдылдарӕн чиныджы фыссы».


Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan