Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 5:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Естер-ӕхсины кӕрты лӕугӕ куы ауыдта, уӕд ӕм кӕсгӕйӕ аззади. Йӕ къухы цы зӕрин лӕдзӕг уыди, уымӕй йын ацамыдта. Естер хӕстӕг бацыди ӕмӕ лӕдзӕджы хъуымбылӕгыл бандзӕвыди къухӕй.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 5:2
9 Iomraidhean Croise  

Уый йын загъта: «Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном уыдзӕн Йаков нӕ, фӕлӕ Израил, уымӕн ӕмӕ ды хӕцыдтӕ Хуыцауимӕ ӕмӕ адӕмыл дӕр уӕлахиз кӕндзынӕ».


Дӕумӕ кувын, Дунедарӕг! Фехъуысӕд Дӕм Дӕ цагъары куывд ӕмӕ, Дӕ номӕн Дын кад чи кӕны, Дӕ уыцы цагъарты куывд! Дӕ рӕстаудӕнӕй мӕ фӕхайджын кӕн, ацы адӕймаджы хорзӕх мын ратт. (Уыцы заман ӕз дзагдар уыдтӕн паддзахӕн.)


Естер Хегайы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ, уымӕй уӕлдай цы ’мбӕлди, уыдон раттыныл фӕстиат нӕ фӕкодта. Галуаны унӕуттӕй йын авды лӕггадгӕнӕг скодта ӕмӕ йӕ семӕ сылгоймӕгты хатӕны дзӕбӕхдӕр ран ӕрцӕрын кодта.


«Паддзахы дӕлбартӕ иууылдӕр ӕмӕ йӕ паддзахады адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр хорз куы зонынц, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, чифӕнды ма уӕд, ӕнӕхонгӕйӕ паддзахмӕ, мидӕггаг кӕртмӕ, бацыди, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнӕ маргӕ нӕй. Кӕд ӕмӕ йӕм паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕг ӕрбадаргъ кӕна, уӕд ӕрбацӕуӕг удӕгасӕй баззайдзӕни. Мӕнмӕ та ныр дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы паддзахӕй дзырд нӕ уыди, ардӕм рацу, зӕгъгӕ».


Паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕгӕй Естеры ’рдӕм ацамыдта. Естер сыстади ӕмӕ паддзахы раз ӕрлӕууыди.


Алелуйа! Стаут Дунедарӕджы, ӕппӕт адӕмтӕ! Кад ын кӕнут, ӕппӕт знӕмтӕ!


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Корнелий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Бардарӕг?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan