Естер 5:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст13 Фӕлӕ мын уыдӕттӕ ад нал фӕкӕнынц, иудейаг Мардохейы паддзахы галуаны ӕрбахизӕны куы фенын, уӕд». Faic an caibideil |
Уыцы бон Аман уӕлдай зӕрдӕхъӕлдзӕг ӕмӕ буцӕй рараст йӕ хӕдзармӕ. Паддзахы галуаны ӕрбахизӕны Мардохейыл амбӕлд. Уый йӕ хъуыды дӕр не ’ркодта. Цыт кӕныны охыл йӕ бынатӕй уӕлдай змӕлд нӕ фӕкодта. Аман мӕстӕй ссыгъди. Йӕхи йӕм тыххӕй баурӕдта, афтӕмӕй сӕхимӕ ацыди. Йӕ ус Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕм фӕдзурын кодта.