12 «Суанг ма ӕхсин-паддзах Естер дӕр, — дзырдта Аман, — йӕ фынгмӕ мӕн йеддӕмӕ никӕй фӕхуыдта. Райсом дӕр та йӕм паддзахимӕ хуынд дӕн.
Фӕлӕ мын уыдӕттӕ ад нал фӕкӕнынц, иудейаг Мардохейы паддзахы галуаны ӕрбахизӕны куы фенын, уӕд».
Райсомы бонӕй ма раппӕл, — йемӕ цы ’рхӕсдзӕн, уый нӕ зоныс.
Адӕймаг, фидӕны цы уыдзӕни, уый нӕ фӕзоны, стӕй йын ӕй чи радзурдзӕн?
Уымӕн ӕмӕ адӕм афтӕ куы дзурой: «Алырдыгӕй — сабырад ӕмӕ ӕдасдзинад», уӕд, ӕнхъӕлцау сылгоймагӕн арынафон йӕ тухӕнтӕ куыд ралӕууынц, афтӕ ӕваст сӕ адзал ӕрцӕудзӕн ӕмӕ сын фервӕзыны амал нӕ уыдзӕн.