Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 5:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Йӕхицӕй ӕппӕлынӕй сын нал ӕфсӕсти — куыд кадджын ӕмӕ бонджын у, куыд бирӕ фырттӕ йын ис, куыд хъулон у паддзахӕн иннӕ уӕздӕттӕ ӕмӕ дӕлбарты ’хсӕн.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 5:11
19 Iomraidhean Croise  

Йаковы хъустыл ӕрцыдысты Лаваны фыртты ныхӕстӕ: «Йаков нын нӕ фыды исбон иууылдӕр йӕхирдыгӕй фӕкодта. Уый бӕрц мулк ратыдта нӕ фыдӕй!»


Ӕнӕхъӕн сӕдӕ ӕстай боны дӕргъы Ксеркс йӕ паддзахады бирӕ мулк ӕвдыста, йӕ диссаджы исбонӕй ӕппӕлыд.


Уыцы хабары фӕстӕ паддзах Ксеркс агагаг Хаммедатайы фырт Аманы скадджын кодта. Сбӕрзонд ис Аман, йӕ бадӕн иннӕ уӕздӕттӕй фӕуӕлдӕр.


Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


Уӕлӕрвтӕ расидтысты Йӕ рӕстад — Хуыцау Йӕхӕдӕг у тӕрхонгӕнӕг.


«Байхъусут, Мӕ адӕм, Ӕз уын Мӕ ныхас фехъусын кӕнон! Израил, Ӕз дӕ ныхмӕ ӕвдисӕн лӕудзынӕн — Ӕз Хуыцау дӕн, дӕ Хуыцау.


Уый зӕгъы: «Паддзӕхтӕ иууылдӕр мӕ лӕггадгӕнджытӕ не сты, мыййаг?


Уайсахат ӕппӕт уыдӕттӕ Навуходоносорыл ӕрцыдысты. Адӕмы ’хсӕнӕй тард ӕрцыди, галау кӕрдӕг хордта ӕмӕ ӕрвон ӕртӕхӕй йӕхи ӕхсадта. Йӕ сӕрыхъуынтӕ цӕргӕсы систау разадысты, йӕ ныхтӕ та уыдысты маргъы ныхтау.


Йӕ ныхӕстӕ ахуыргӕнинӕгты дисы бафтыдтой. Фӕлӕ сын Йесо ногӕй загъта: «Мӕ хъӕбултӕ, ӕвӕдза, [мулкӕй ныфс кӕй ис, уымӕн] куыд зын у Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуын!


Ацы царды бонджын чи у, уыдонӕн бацамон, цӕмӕй сӕхиуыл ма фервӕссой ӕмӕ ныфсджын уой, зӕрдӕ дарӕн цы мулкыл нӕй, уымӕй нӕ, фӕлӕ нын зӕрдӕйы дзӕбӕхӕн алцыдӕр парахатӕй Чи дӕтты, уыцы Хуыцауӕй.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan