Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 5:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 Ӕртыккаг бон Естер йӕ уӕлӕ скодта йӕ паддзахфӕлыст, ацыд ӕмӕ паддзахы дуары раз слӕууыди. Паддзах йӕ къӕлӕтджыны бадти, йӕ цӕсгом — дуары ’рдӕм.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 5:1
14 Iomraidhean Croise  

Загъта сын, Ваштийы йӕм, йӕ сӕрыл паддзахы худ, афтӕмӕй куыд рахоной: паддзах йӕ рӕсугъд усӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты хаста ӕмӕ дзы хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ уӕздӕтты раз дӕр хъуамӕ йӕхи ахъал кодтаид.


Уыцы рӕстӕг Шушаны царди Бениамины байзӕддагӕй иу иудейаг, йӕ ном Мардохей, Иудейы паддзах Йехониаимӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор Йерусалимӕй уацары кӕй ракодта, уыцы адӕмӕй. Мардохей уыди Иаиры фырт. Иаир та уыди Шимийы фырт, Кишы фырты фырт.


«Паддзахы дӕлбартӕ иууылдӕр ӕмӕ йӕ паддзахады адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр хорз куы зонынц, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, чифӕнды ма уӕд, ӕнӕхонгӕйӕ паддзахмӕ, мидӕггаг кӕртмӕ, бацыди, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнӕ маргӕ нӕй. Кӕд ӕмӕ йӕм паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕг ӕрбадаргъ кӕна, уӕд ӕрбацӕуӕг удӕгасӕй баззайдзӕни. Мӕнмӕ та ныр дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы паддзахӕй дзырд нӕ уыди, ардӕм рацу, зӕгъгӕ».


«Цӕугӕ ӕмӕ, Шушаны цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны ӕрбамбырд кӕн, ӕмӕ мӕн тыххӕй ком бадарут — ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтимӕ афтӕ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй, кӕд уагӕвӕрд уый нӕ бары, уӕддӕр паддзахмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ, кӕд мӕлон, уӕд уадз ӕмӕ амӕлон».


Мардохей ацыд ӕмӕ алцыдӕр бакодта, Естер ын куыд загъта, афтӕ.


Уыцы рӕстӕг Аман, цы цӕджындз ӕрцӕттӕ кодта, ууыл цӕмӕй Мардохейы ӕрцауындзой, уый тыххӕй зӕгъынмӕ ӕрбацыди паддзахмӕ. Паддзах бафарста: «Кӕрты чи ис?»


Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


Ӕз уӕ ӕрвитын, фысты бирӕгъты ӕхсӕнмӕ куыд ӕрвитай, уыйау. Уӕдӕ кӕлмытау ут зондджын ӕмӕ бӕлонау ут ӕнӕхин.


Уӕддӕр цы уынынмӕ цыдыстут? Зынаргъ дарӕс кӕуыл ис, ахӕм адӕймаджы? О, фӕлӕ зынаргъ дарӕс чи дары, уыдон паддзӕхты галуанты цӕрынц.


Уӕдӕ ратт зӕппадз ӕртӕ боны хъахъхъӕныны бардзырд, цӕмӕй Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ма бацӕуой, ма Йӕ адавой ӕмӕ адӕмӕн афтӕ ма зӕгъой: „Уый мӕрдтӕй райгас ис“. Уӕд фӕстаг сайд фыццагӕй фыддӕр уыдзӕн».


цӕмӕй Мӕ Паддзахады Мемӕ иу фынгыл хӕрат ӕмӕ нуазат. Ӕмӕ сымах паддзахы бадӕнты ӕрбаддзыстут Израилы дыууадӕс хӕдзарвӕндагӕн тӕрхон кӕнынмӕ.


Уӕлахиздзауы Ӕз Мемӕ сбадын кӕндзынӕн Мӕ паддзахы бадӕны, Ӕз куыд фӕуӕлахиз дӕн ӕмӕ Мӕ Фыдимӕ Йӕ бадӕны куыд сбадтӕн, афтӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan