9 Ӕрбаздӕхти Хатах ӕмӕ Естерӕн Мардохейы ныхӕстӕ рафӕзмыдта.
Естер ӕй фӕстӕмӕ арвыста, цӕмӕй йӕ номӕй Мардохейӕн зӕгъа:
Уӕд Естер, паддзах ын лӕггадгӕнӕг кӕй скодта, уыцы нӕлгоймаг унӕуттӕй иумӕ фӕдзырдта — йӕ ном Хатах — ӕмӕ йӕ Мардохеймӕ арвыста, цӕмӕй йын, цы у, цы хабар у, уый тыххӕй бӕрӕг ныхас ӕрбахӕсса.
Радта унӕутмӕ, дзуттӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй Шушаны цы уынаффӕ хаст ӕрцыд, уыцы ӕвдисӕнгӕххӕт дӕр — цӕмӕй йӕ Естер фена ӕмӕ ӕппӕт дӕр базона. Уымӕй уӕлдай ма йӕм ныхас арвыста, паддзахмӕ дын цӕугӕ у, хъуамӕ йын дӕ адӕмы тыххӕй балӕгъстӕ кӕнай, зӕгъгӕ.
Сӕрдыгон мит куыд нӕ хъӕуы, хуымгӕрдӕн афон — къӕвда, зондцухӕн дӕр кад кӕнын афтӕ нӕ фидауы.