Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 4:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Уӕд Естер, паддзах ын лӕггадгӕнӕг кӕй скодта, уыцы нӕлгоймаг унӕуттӕй иумӕ фӕдзырдта — йӕ ном Хатах — ӕмӕ йӕ Мардохеймӕ арвыста, цӕмӕй йын, цы у, цы хабар у, уый тыххӕй бӕрӕг ныхас ӕрбахӕсса.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 4:5
10 Iomraidhean Croise  

Ӕвдӕм бон Ксеркс, сӕнӕй дзӕбӕх куы бахъӕлдзӕг, уӕд фӕсидти йӕ авд лӕггадгӕнӕгмӕ, евнухтӕм, — Мехуман, Биззета, Харвона, Бигта, Авагта, Зетар ӕмӕ Каркасмӕ.


Дӕлдӕртӕ паддзахы фӕндон фехъусын кодтой Ваштийӕн, фӕлӕ йӕ уый ницӕмӕ ’рдардта. Паддзах тынг смӕсты ис, пиллон арт уагъта фыр мӕстӕй.


Естер ӕй фӕстӕмӕ арвыста, цӕмӕй йӕ номӕй Мардохейӕн зӕгъа:


Естерӕн йӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтӕ ӕмӕ нӕлгоймаг унӕуттӕ Мардохейы тыххӕй куы фехъусын кодтой, уӕд ӕхсин-паддзахы зӕрдӕ йӕхи къултыл бахоста. Йӕ бызгъуыртӕ раивӕд, зӕгъгӕ, Мардохейӕн дарӕс рарвыста, фӕлӕ уый не сразы.


Ацыди Хатах Мардохеймӕ сахары фӕзмӕ, галуаны къӕсӕргӕронмӕ.


Ӕрбаздӕхти Хатах ӕмӕ Естерӕн Мардохейы ныхӕстӕ рафӕзмыдта.


Цин кӕнут, цин чи кӕны, уыдонимӕ ӕмӕ кӕут, чи кӕуы, уыдонимӕ.


Уымӕ гӕсгӕ буары иу уӕнг куы фӕриссы, уӕд иннӕтӕ дӕр фӕриссынц йемӕ. Иу уӕнг куы скадджын уа, уӕд иннӕ уӕнгтӕ дӕр цин кӕнынц йемӕ.


Алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ мӕт йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл уӕд.


Нӕ Алчер ахӕм нӕу, нӕ лӕмӕгъдзинӕдтӕ нын Чи нӕ бамбара, уымӕн ӕмӕ Уымӕн дӕр махау ӕвзӕрст сты ӕппӕт фӕлварӕнтӕ, тӕригъӕд йеддӕмӕ.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan