13 Ӕмӕ дзуапп радта Мардохей Естерӕн: «Афтӕ ма ’нхъӕл, ӕмӕ паддзахы галуаны кӕй дӕ, уый фӕрцы иннӕ иудейӕгтӕй уӕлдай удӕгасӕй аирвӕздзынӕ.
Фӕхӕццӕ сты Мардохеймӕ Естеры ныхӕстӕ.
Ахӕм рӕстӕг ды дӕ дзыхыл куы ныххӕцай, уӕд иудейӕгтӕн ӕндӕр ранӕй ӕххуыс уыдзӕн, ды та фесӕфдзынӕ, дӕ тъымы-тъымайӕн та дын „мӕн у“ зӕгъӕг дӕр нал уыдзӕн. Кӕд дӕм, мыййаг, паддзахы бадӕн ацы заманы тыххӕй ӕрхауд?»
Йӕ цард зынаргъ кӕмӕн у, уый йӕ фесафдзӕн; ацы дунейы йӕ цардыл чи нӕ ауӕрды, уый та мыггагмӕ цӕрдзӕни.
Чырыстийы хъуыддаджы сӕраппонд Эпафродит мӕлӕтмӕ цыди, йӕ цард ӕвгъау нӕ кодта, цӕмӕй, сымахӕн уӕ бон цы нӕ уыди, уыцы ӕххуыс мын уӕ бӕсты бакӕна.
Ахъуыды кӕнут тӕригъӕдджынтӕй ахӕм ӕфхӕрд Бавзарӕгыл, цӕмӕй ма сӕдых ӕмӕ ма слӕмӕгъ уат удӕй.