Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 3:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5 Аман куы федта, Мардохей йӕ разы нӕ зоныгыл кӕны ӕмӕ зӕххыл нӕ ныддӕлгом вӕййы, уый, уӕд фыр мӕстӕй рафыхти.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 3:5
13 Iomraidhean Croise  

Дӕлдӕртӕ паддзахы фӕндон фехъусын кодтой Ваштийӕн, фӕлӕ йӕ уый ницӕмӕ ’рдардта. Паддзах тынг смӕсты ис, пиллон арт уагъта фыр мӕстӕй.


Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны хъуыддаджы лӕуд чидӕриддӕр уыди паддзахы галуаны, уыдон-иу ӕрзоныг кодтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты Аманы раз. Мардохей та йӕ разы зоныгыл дӕр нӕ кодта ӕмӕ зӕххыл дӕр нӕ хауди.


Алы бон дӕр ын дзырдтой, фӕлӕ сӕ уый ницӕмӕ дардта. Уӕд бавдӕлдысты ӕмӕ Аманмӕ дзырд бахастой, уӕдӕ ныр та куыд кӕнид, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ, иудейаг у, уый Мардохейӕн йӕхицӕй зыдтой.


Уыцы бон Аман уӕлдай зӕрдӕхъӕлдзӕг ӕмӕ буцӕй рараст йӕ хӕдзармӕ. Паддзахы галуаны ӕрбахизӕны Мардохейыл амбӕлд. Уый йӕ хъуыды дӕр не ’ркодта. Цыт кӕныны охыл йӕ бынатӕй уӕлдай змӕлд нӕ фӕкодта. Аман мӕстӕй ссыгъди. Йӕхи йӕм тыххӕй баурӕдта, афтӕмӕй сӕхимӕ ацыди. Йӕ ус Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕм фӕдзурын кодта.


Ӕдылыйы бабын кӕны йӕ маст, ӕнӕзонд йӕ мӕстыгӕрӕй фесӕфы.


Мӕ хӕлӕрттӕ ӕмӕ мӕ лымӕнтӕ иуварс лидзынц мӕ низӕй, мӕ хиуӕттӕ мӕм нал цӕуынц хӕстӕг.


Ӕдылы йӕ маст уромын нӕ зоны, фӕлӕ йын зондджын йе ’фхӕрд ницӕмӕ ’рдары.


Мӕстыгӕр уадз ӕмӕ ’фхӕрд баййафа, куы йын ныббарай, уӕд ӕвзӕрдӕр уыдзӕн.


Къӕйных ӕмӕ ’нӕввӕрсон адӕймаг, йӕ ном «ӕдзӕсгом» кӕмӕн у, уымӕн йӕ къӕйныхдзинад у нӕрӕмон.


ӕдылыйы бӕрзонд сисынц, хъӕздыджы та ӕгады бынаты сӕвӕрынц;


Уӕд Навуходоносор Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негомӕ бынтондӕр смӕсты ис, йӕ цӕсгомы хуыз аивта ӕмӕ пец, куыд фӕсудзы, уымӕй авд хатты тынгдӕр бандзарын кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan