3 Паддзахы дӕлдӕртӕ, галуаны тӕрхонгӕнджытӕ, Мардохейӕн уайдзӕф кодтой, паддзахы бардзырды сӕрты цӕмӕн хизыс, зӕгъгӕ.
Дыккаг хатт куы фӕсидтысты чызджытӕм, уӕд Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз бадти.
Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны хъуыддаджы лӕуд чидӕриддӕр уыди паддзахы галуаны, уыдон-иу ӕрзоныг кодтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты Аманы раз. Мардохей та йӕ разы зоныгыл дӕр нӕ кодта ӕмӕ зӕххыл дӕр нӕ хауди.
Алы бон дӕр ын дзырдтой, фӕлӕ сӕ уый ницӕмӕ дардта. Уӕд бавдӕлдысты ӕмӕ Аманмӕ дзырд бахастой, уӕдӕ ныр та куыд кӕнид, зӕгъгӕ, уымӕн ӕмӕ, иудейаг у, уый Мардохейӕн йӕхицӕй зыдтой.
Фӕлӕ ӕвгъӕдгӕстӕ Хуыцауӕй тарстысты ӕмӕ Мысыры паддзахы фӕдзӕхст не ’ххӕст кодтой, удӕгасӕй-иу ныууагътой ноггуырд лӕппуты.