Естер 3:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны хъуыддаджы лӕуд чидӕриддӕр уыди паддзахы галуаны, уыдон-иу ӕрзоныг кодтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты Аманы раз. Мардохей та йӕ разы зоныгыл дӕр нӕ кодта ӕмӕ зӕххыл дӕр нӕ хауди. Faic an caibideil |
Уыцы бон Аман уӕлдай зӕрдӕхъӕлдзӕг ӕмӕ буцӕй рараст йӕ хӕдзармӕ. Паддзахы галуаны ӕрбахизӕны Мардохейыл амбӕлд. Уый йӕ хъуыды дӕр не ’ркодта. Цыт кӕныны охыл йӕ бынатӕй уӕлдай змӕлд нӕ фӕкодта. Аман мӕстӕй ссыгъди. Йӕхи йӕм тыххӕй баурӕдта, афтӕмӕй сӕхимӕ ацыди. Йӕ ус Зереш ӕмӕ йӕ хӕлӕрттӕм фӕдзурын кодта.