Естер 3:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст12 Афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон фӕсидтысты паддзахы писыртӕм ӕмӕ, Аманы куыд фӕндыди, ахӕм уынаффӕ гӕххӕттыл ныффыстой паддзахы уагдартӕн. Бӕстӕйы алы рӕттӕм, паддзахады алы адӕмты хицӕуттӕм ӕй фервыстой — алы адӕмӕн йӕхи ’взагыл, йӕхирдыгонау фыстӕй. Уынаффӕ рахастой паддзах Ксерксы номӕй ӕмӕ йӕ паддзахы къухдарӕнӕй бафидар кодтой. Faic an caibideil |
Ӕмӕ уӕд паддзахмӕ бацыдысты ӕмӕ йын йӕ бардзырд ӕрлӕууын кодтой йӕ зӕрдыл: «Паддзах, ды дӕхи къухӕй сфидар кодтай дӕ бардзырд: дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы хуыцаумӕ кӕнӕ дӕу йеддӕмӕ ӕндӕр адӕймагмӕ дӕр чи скува, уый хъуамӕ домбӕйтты хъоргъы ӕппӕрст ӕрцӕуа». Паддзах сын дзуапп радта: «Мидиӕгтӕ ӕмӕ персайнӕгты ӕгъдӕуттӕн аивӕн куыд нӕй, афтӕ фидар у уыцы бардзырд дӕр».