Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 2:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Естер Хегайы зӕрдӕмӕ фӕцыд ӕмӕ йын хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ, уымӕй уӕлдай цы ’мбӕлди, уыдон раттыныл фӕстиат нӕ фӕкодта. Галуаны унӕуттӕй йын авды лӕггадгӕнӕг скодта ӕмӕ йӕ семӕ сылгоймӕгты хатӕны дзӕбӕхдӕр ран ӕрцӕрын кодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 2:9
12 Iomraidhean Croise  

Фӕлӕ Дунедарӕг уыд Йосефимӕ ӕмӕ йыл аудыдта. Ахӕстоны хицауы зӕрдӕмӕ йӕ фӕцӕуын кодта.


Йосеф фӕцыди йӕ зӕрдӕмӕ ӕмӕ сси йӕ сӕрмагонд лӕггадгӕнӕг. Йӕ хӕдзар ӕмӕ йӕ исбон Потифар ӕгасӕйдӕр бакодта Йосефы ӕвджид, ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ Дунедарӕг, Йосефы сӕр нымайгӕйӕ, Йӕ хорзӕхӕй схайджын кодта мысыраджы хӕдзар. Раарфӕ йын кодта ӕмӕ йын сбирӕ кодта йӕ мулк ӕмӕ йӕ хуымты бӕркад.


Дӕ разы цӕмӕйдӕриддӕр фӕтӕригъӕдджын ӕмӕ фӕазымджын сты, уый сын ныббар, уацары сӕ чи акодта, уыдоны зӕрдӕ сӕм фӕфӕлмӕн кӕн, цӕмӕй сын фӕтӕригъӕд кӕной.


рацыди Вавилонӕй. Уый уыди динамонӕг, зыдта Дунедарӕджы, Израилы Хуыцауы, лӕвӕрд Моисейы ӕгъдау. Цыдӕриддӕр ӕм курдиат уыди, уыдон ын паддзах сӕххӕст кодта, уымӕн ӕмӕ йыл Дунедарӕг, йӕ Хуыцау, Йӕ арм дардта.


Стӕй мын ныффыссӕд паддзахы хъӕдгӕс Асафмӕ, цӕмӕй мын хъӕдӕрмӕг радта Хуыцауы хӕдзары гӕнах, сахары къултӕ ӕмӕ, кӕм цӕрдзынӕн, уыцы хӕдзары кулдуӕртты фаг». Ныффыста мын паддзах гӕххӕтт, уымӕн ӕмӕ мыл Хуыцау йӕ хӕрзаудӕг арм дардта.


Паддзах Ксерксы размӕ бацӕуыны тыххӕй алы чызг дӕр, сылгоймагӕн куыд ӕмбӕлд, афтӕ дыууадӕс мӕйы дӕргъы йӕхи хъуамӕ цӕттӕ кодтаид: ӕхсӕз мӕйы йӕ буар миррӕйы сойӕ сӕрстаид, ӕхсӕз мӕйы та — алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ сылгоймаджы алыхуызон сӕрдӕнтӕй.


Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой.


Естер-ӕхсины кӕрты лӕугӕ куы ауыдта, уӕд ӕм кӕсгӕйӕ аззади. Йӕ къухы цы зӕрин лӕдзӕг уыди, уымӕй йын ацамыдта. Естер хӕстӕг бацыди ӕмӕ лӕдзӕджы хъуымбылӕгыл бандзӕвыди къухӕй.


Адӕймаджы фӕндӕгтӕ Дунедарӕгӕн ӕхсызгон куы вӕййынц, уӕд ӕй йе знӕгтимӕ дӕр бафидауын кӕны.


Хуыцауы фӕрцы лӕггадгӕнджыты хистӕр Даниилмӕ хорз зӕрдӕ дардта, уарзта йӕ,


ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan