8 Паддзахы уынаффӕмӕ гӕсгӕ Шушанмӕ бирӕ рӕсугъд чызджытӕ ӕрбамбырд. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакодтой. Чызджыты ’хсӕн уыди Естер дӕр.
Естерӕн, Мардохейы фыды ’фсымӕр Авихаилы чызгӕн, йӕ рад куы ’рцыди ӕмӕ паддзахмӕ куы раст кодта, уӕд ӕппындӕр ницы бадомдта, сылгоймӕгтӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы евнух Хегай йын цӕмӕ бацамыдта, уымӕй уӕлдай. Чи-иу ӕй федта, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цыди Естер.
Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой.
Мӕ цӕстылуайӕны февзӕрдтӕн Еламы бӕсты, бырутӕй ӕхгӕд сахар Шушаны, Улайы доны был.