Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 2:5 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

5-6 Уыцы рӕстӕг Шушаны царди Бениамины байзӕддагӕй иу иудейаг, йӕ ном Мардохей, Иудейы паддзах Йехониаимӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор Йерусалимӕй уацары кӕй ракодта, уыцы адӕмӕй. Мардохей уыди Иаиры фырт. Иаир та уыди Шимийы фырт, Кишы фырты фырт.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 2:5
10 Iomraidhean Croise  

Паддзах Давид Бахуримы сахармӕ куыддӕр бахӕццӕ, афтӕ уырдыгӕй рацыд иу лӕг Саулы мыггагӕй, йӕ ном — Шими, Герайы фырт. Цӕугӕ-цӕуын ӕлгъыста,


Сахарӕй йӕ размӕ рацыд иудейаг паддзах Йехониа, йӕ мадимӕ, йӕ барджынтимӕ, йе ’фсады хицӕуттимӕ ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртимӕ. Вавилоны паддзахы хицаудзинадыл цыди ӕстӕм аз, Йехониайы уацары куы райста, уӕд.


Вавилонмӕ Йерусалимӕй хаст ӕрцыдысты Йехониа дӕр, йӕ мад, йӕ устытӕ ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕ дӕр, стӕй бӕстӕйы уӕздӕттӕ дӕр.


Уӕд Ксерксы паддзахы бадӕн Шушаны уыди.


Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.


Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой.


Паддзахы зӕрдӕмӕ цы ӕрыгон рӕсугъд фӕцӕуа, уый Ваштийы бынаты йӕ фарсмӕ ӕрбаддзӕн. Уыцы ныхӕстӕ паддзахы зӕрдӕмӕ фӕцыдысты ӕмӕ растдӕриддӕр афтӕ бакодта.


Ӕртыккаг бон Естер йӕ уӕлӕ скодта йӕ паддзахфӕлыст, ацыд ӕмӕ паддзахы дуары раз слӕууыди. Паддзах йӕ къӕлӕтджыны бадти, йӕ цӕсгом — дуары ’рдӕм.


Бениамины зӕххыл царди иу лӕг, йӕ ном — Киш, Бениамины мыггагӕй, нымад адӕймаг. Йӕ фыдӕлтӕ кӕстӕрӕй хистӕрмӕ: Авиел, Церор, Бехорат, Афиах.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan