23 Уыйадыл хъуыддагмӕ каст ӕрцыди, сбӕлвырд ӕй кодтой ӕмӕ дыууӕйы дӕр бӕласыл ӕрцауыгътой. Ӕппӕт уыдӕттӕ та паддзахы цӕстыты раз азфыстмӕ хаст ӕрцыдысты.
Ӕртӕ боны фӕстӕ фараон бӕрзонд сисдзӕни дӕу дӕр: бӕласыл дӕ ӕрцауындздзӕн, ӕмӕ дӕ мард мӕргътӕн холыйаг фӕуыдзӕни».
хистӕр кӕрдзынгӕнӕджы та ӕрцауыгъта. Хъуыддӕгтӕ рауадысты, Йосеф сын сӕ фынтӕ куыддӕриддӕр райхӕлдта, афтӕ.
Рафӕлдахын кӕн дӕ фыдӕлты зӕрдылдарӕн хабӕртты чиныг ӕмӕ дзы бакӕсдзынӕ, Йерусалим, змӕнтгӕ чи кӕны, паддзӕхтӕн дӕр ӕмӕ бӕстӕйы алы кӕрӕттӕн дӕр зиан чи хӕссы, ахӕм сахар кӕй у, уый. Рагӕй-ӕрӕгмӕ дӕр уисӕн нӕ кӕны ӕмӕ дӕрӕнгонд дӕр уый аххосӕй ӕрцыдис.
Мардохейы лӕгдзинад ӕмӕ намысджын хъуыддӕгтӕ ӕмӕ, паддзах ӕй цы бӕрзӕндтӕм систа, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ сӕ бынат ссардтой Миди ӕмӕ Персы азфыстыты.
Йӕ ус Зереш ӕмӕ йын йӕ хӕлӕрттӕ бауынаффӕ кодтой: «Фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн цӕджындз ныссадзын кӕн ӕмӕ райсом паддзахӕн зӕгъ, цӕмӕй Мардохейы уыцы цӕджындзыл ӕрцауындзой. Ды та зӕрдӕхъӕлдзӕгӕй паддзахимӕ хуындмӕ ацӕудзынӕ». Аманмӕ хорз фӕкасти уыцы хъуыды, ӕмӕ цӕджындз ныссадзын кодта.
Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты.
Ӕмӕ ӕрцауыгътой Аманы, Мардохейӕн кӕй ӕрцӕттӕ кодта, уыцы цӕджындзыл. Ӕмӕ паддзахы маст ӕрсабыр ис.
Фӕлӕ Дунедарӕгӕн кад чи кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дунедарӕг уыны ӕмӕ хъусы уыдӕттӕ. Чи дзы тӕрсы ӕмӕ Йын кад чи кӕны, уыдоны нӕмттӕ зӕрдылдарӕн чиныджы фыссы».
Гайы паддзахы ӕрцауындзын кодта бӕласыл ӕмӕ изӕрдалынгтӕм ауыгъдӕй фӕлӕууыд. Хурныгуылдыл Йешуайы дзырдмӕ гӕсгӕ марды бӕласӕй ӕристой ӕмӕ йӕ сахары кулдуармӕ аппӕрстой, стӕй йыл дурты стыр цӕнд самадтой. Цӕнд абон дӕр ма лӕууы.