22 Мардохей уый базыдта ӕмӕ йӕ Естерӕн загъта, Естер та йӕ Мардохейы номӕй паддзахӕн фехъусын кодта.
Паддзахы дӕлдӕртӕй иу, Харвона йӕ ном, загъта: «Афтӕмӕй Аман та Мардохейы тыххӕй, паддзахӕн хорзы чи бацыди, уый тыххӕй ныссадзын кодта цӕджындз, фӕндзай ӕлмӕрины бӕрзӕндӕн. Аманы хӕдзары раз цӕттӕйӕ лӕууы». «Уыцы цӕджындзыл ӕй ӕрцауындзут!» — загъта паддзах.
Дӕхинымӕр дӕр паддзахы фыдгой ма ракӕн, дӕ хуыссӕнуаты дӕр ма рафау хъӕздыг лӕджы — уӕларвон мӕргътӕ дын дӕ хъуыдытӕ аскъӕфдзысты, дӕ ныхӕстӕй иунӕг дӕр нӕ басусӕг уыдзӕн.
Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, уӕлзонд ӕмӕ зонындзинӕдтӕ! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Алкӕмӕн дӕр уӕ йӕ мӕт йӕхиуыл нӕ, фӕлӕ иннӕтыл уӕд.