Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 2:21 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

21 Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз куы бадти, уӕд паддзахы дӕлдӕртӕ, йӕ дуаргӕстӕ Бигтан ӕмӕ Тереш, паддзах Ксерксы ныхмӕ фыдвӕнд сарӕзтой, цӕмӕй йӕ амарой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 2:21
13 Iomraidhean Croise  

Ноджы ма Давид загъта Авишай ӕмӕ йӕ иннӕ дӕлдӕртӕн: «Мӕхи фырт мӕ марынвӕнд куы кӕны, уӕд ма Бениамины мыггагӕй та цы бадомон? Ныууадзут ӕй. Уадз ӕмӕ ӕлгъита, уымӕн ӕмӕ йын Дунедарӕгӕй афтӕ фӕдзӕхст у.


Йӕ ныхмӕ йын сусӕгвӕнд скодта йе ’фсады хицау Зимри. Уый уыди йӕ тохуӕрдӕтты ӕфсадӕн йе ’мбисы хицау. Паддзах Тирцайы сахары, йе ’ппӕт исбон дӕр кӕй бӕрны уыд, уыцы Арцайы хӕдзары куы фӕрасыг,


Паддзах Иоасы ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой Силламӕ фӕндагыл, Миллойы бӕстыхайы.


Паддзах Амоны ныхмӕ йӕ дӕлдӕртӕ сусӕгвӕнд скодтой ӕмӕ йӕ амардтой йӕ галуаны.


Ксеркс куы сси паддзах, уӕд та цъыфкалӕнтӕ фӕфыстой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытыл.


Дыккаг хатт куы фӕсидтысты чызджытӕм, уӕд Мардохей паддзахы галуаны кулдуары раз бадти.


Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты.


Паддзахы марынмӕ цы дуаргӕстӕ хъавыдысты, Ксерксы уыцы унӕуттӕ Бигтан ӕмӕ Терешы хъуыддаг Мардохей кӕй раргом кодта, уый дӕр дзы фыст уыди.


Дӕ алы фӕлдисонд дӕр, Дунедарӕг, кад кӕны Дӕуӕн, Дӕ сыгъдӕджытӕ Дын арфӕ кӕнӕнт.


Даниилы курдиатмӕ гӕсгӕ паддзах Вавилоны зылды хъуыддӕгтӕ иууылдӕр бабар кодта Шадрах, Мешах ӕмӕ Авед-Негойӕн, Даниил та раздӕрау паддзахы галуаны лӕггад кодта.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan