Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 2:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Естеры кадӕн паддзах стыр куывд скодта йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн. Сӕ фиддонтӕ фӕкъаддӕр сты йӕ паддзахады алы бӕстӕйӕн дӕр, йӕ зӕрдӕйы хорзӕй паддзахы лӕвӕрттӕ фӕкодта.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 2:18
14 Iomraidhean Croise  

Лаван ӕрхуыдта ӕппӕт сыхбӕсты дӕр ӕмӕ куывд скодта.


Афтӕ левиттӕ адӕмы сабыр кодтой, мауал кӕут, уымӕн ӕмӕ абон бӕрӕгбон у ӕмӕ ӕнкъард ма кӕнут, зӕгъгӕ.


Нозтытӕн ӕрӕвӕрдтой алыхуызон сыгъзӕрин нуазӕнтӕ. Таучел ӕмӕ бонджын паддзах йӕ сӕны ӕвӕрӕнтыл дӕр фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцыд.


Уымӕн ӕмӕ уыцы бонты иудейӕгтӕ сӕ фыдгултӕй фервӕзтысты, уыцы бонты сӕ хъыг цинмӕ раивта, сӕ маст — бӕрӕгбонмӕ. Уӕдӕ сын суӕнт уыдон циндзинад ӕмӕ куывды бонтӕ, кӕрӕдзимӕ хуынтӕ куыд хӕссой, мӕгуыртӕн лӕвӕрттӕ куыд кӕной!


Сионы чызджытӕ! Рацӕут ӕмӕ паддзах Соломоны кады худ фенут! Йӕ ныййарӕг мад ыл ӕй йӕ чындзӕхсӕвы, йӕ цины бон ӕркодта!


— Мӕ хо, мӕ къайаг! Ӕз ӕрбацыдтӕн мӕ дыргъдонмӕ, ӕрӕмбырд кодтон мӕ миррӕ, мӕ хӕрздӕфгӕнӕнтӕ; бахордтон мӕ мыдӕй, бануӕзтон мӕ сӕн ӕмӕ ме ’хсырӕй. — Хӕрут ӕмӕ нуазут, лымӕнтӕ! Нуазгӕ кӕнут, уӕхи бафсадут, уарзӕттӕ!


«Уӕларвон Паддзахад абарӕн ис, Йӕ фыртӕн чындзӕхсӕв чи скодта, уыцы паддзахимӕ.


Иродиадӕйӕн фадат фӕзынди Ироды гуырӕнбоны. Ирод куывд скодта ӕмӕ йе ’лдӕрттӕ, ӕфсӕддон хицӕуттӕ ӕмӕ Галилейы уӕздӕтты фӕхуыдта.


«Исчи дӕ чындзӕхсӕвмӕ куы фӕхона, уӕд уӕле ма сбад, цӕмӕй, хуындтыты ӕхсӕн дӕуӕй кадджындӕр куы разына,


Зӕххыл цӕрджытӕн уый уыдзӕн цины бӕрӕгбон, кӕрӕдзийӕн ӕрвитдзысты лӕвӕрттӕ, уымӕн ӕмӕ сын уыцы дыууӕ пехуымпары уыдысты удхары хос.


Зӕд мын загъта: «Ныффысс: тӕхудиаг сты, Уӕрыччы чындзӕхсӕвмӕ хуынд чи у, уыдон». Ноджы мын загъта: «Адон ӕцӕгӕй Хуыцауы ныхӕстӕ сты».


Де ’ххуырстыты бафӕрс, ӕмӕ дын ӕй зӕгъдзысты. Гъемӕ мын ды дӕр мӕ лӕппутӕм хорз цӕстӕй ракӕс, уымӕн ӕмӕ дӕм фарны бон ӕрбацыдыстӕм. Ратт, дӕ хорзӕхӕй, дӕ цагъартӕ ӕмӕ дӕ фырт Давидӕн, дӕ къух цы амоны, уый“».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan