Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 2:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йӕ иннӕ устытӕй йӕ фылдӕр бауарзта Ксеркс, иннӕ чызджытӕй йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцыд. Паддзахы худ ын ӕркодта йӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ ус-паддзахӕй ӕрбадын кодта Ваштийы бынаты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 2:17
10 Iomraidhean Croise  

Загъта сын, Ваштийы йӕм, йӕ сӕрыл паддзахы худ, афтӕмӕй куыд рахоной: паддзах йӕ рӕсугъд усӕй йӕ сӕр бӕрзӕндты хаста ӕмӕ дзы хуымӕтӕг адӕм ӕмӕ уӕздӕтты раз дӕр хъуамӕ йӕхи ахъал кодтаид.


Ксерксӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз бахызти йӕ къӕсӕрӕй Естер. Уый уыди дӕсӕм мӕйы, теветы.


Ахӕм рӕстӕг ды дӕ дзыхыл куы ныххӕцай, уӕд иудейӕгтӕн ӕндӕр ранӕй ӕххуыс уыдзӕн, ды та фесӕфдзынӕ, дӕ тъымы-тъымайӕн та дын „мӕн у“ зӕгъӕг дӕр нал уыдзӕн. Кӕд дӕм, мыййаг, паддзахы бадӕн ацы заманы тыххӕй ӕрхауд?»


Паддзахы зӕрдӕ Дунедарӕджы къухы ис, цӕугӕдонау ӕй, кӕцырдӕм Ӕй фӕнды, уырдӕм здахы.


Уӕд ӕппӕт бӕлӕстӕ дӕр базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый. Ӕз ӕрныллӕг кӕнын бӕрзонд бӕлас ӕмӕ сбӕрзонд кӕнын ныллӕг бӕлас, сыфтӕрджын бӕлас бахуыскъ кӕнын ӕмӕ хуыскъ бӕласыл цъӕх сыфтӕр рауадзын. Ӕз — Дунедарӕг — бакӕндзынӕн, цы загътон, уый».


Рыджы астӕуӕй мӕгуыр лӕджы фелвасы, бырӕтты цӕндӕй — гӕвзыччы, уӕздӕттимӕ сӕ ӕрбадын кӕны, кады бадӕнмӕ сӕм басиды. Дунедарӕджы бар сты зӕххы цӕджындзтӕ, дуне кӕуыл ӕрцарӕзта, уыдон.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan