Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 2:16 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

16 Ксерксӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз бахызти йӕ къӕсӕрӕй Естер. Уый уыди дӕсӕм мӕйы, теветы.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 2:16
7 Iomraidhean Croise  

Ксеркс куы сси паддзах, уӕд та цъыфкалӕнтӕ фӕфыстой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытыл.


уыдон Артаксерксы заманӕн йӕ ӕвдӕм азы фӕндзӕм мӕй бахӕццӕ сты Йерусалиммӕ.


Фӕстӕдӕр, Ксерксӕн йӕ маст куы ’рсабыр, уӕд Ваштийы мысын райдыдта. Сылгоймаджы ми ӕмӕ йӕхи уынаффӕйыл ныссагъӕс кодта.


Естерӕн, Мардохейы фыды ’фсымӕр Авихаилы чызгӕн, йӕ рад куы ’рцыди ӕмӕ паддзахмӕ куы раст кодта, уӕд ӕппындӕр ницы бадомдта, сылгоймӕгтӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы евнух Хегай йын цӕмӕ бацамыдта, уымӕй уӕлдай. Чи-иу ӕй федта, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цыди Естер.


Йӕ иннӕ устытӕй йӕ фылдӕр бауарзта Ксеркс, иннӕ чызджытӕй йӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр фӕцыд. Паддзахы худ ын ӕркодта йӕ сӕрыл ӕмӕ йӕ ус-паддзахӕй ӕрбадын кодта Ваштийы бынаты.


Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой.


Уыйадыл ӕртыккаг мӕйы, сиваны, дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы нымӕрдартӕ ныффыстой ног уынаффӕ, Мардохей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппӕт иудейӕгтӕм, стӕй, паддзахады цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы ис — Индийӕ Эфиопийы онг, уыдоны хицӕуттӕ, бардартӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕм ӕй фӕхӕццӕ кодтой: алы ранмӕ дӕр сӕхирдыгонау фыстӕй, алы адӕммӕ — сӕхи ’взагыл, иудейӕгтӕм дӕр афтӕ — сӕхирдыгонау фыстӕй, сӕхи ’взагыл.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan