Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 2:15 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

15 Естерӕн, Мардохейы фыды ’фсымӕр Авихаилы чызгӕн, йӕ рад куы ’рцыди ӕмӕ паддзахмӕ куы раст кодта, уӕд ӕппындӕр ницы бадомдта, сылгоймӕгтӕм йӕ цӕст чи дардта, уыцы евнух Хегай йын цӕмӕ бацамыдта, уымӕй уӕлдай. Чи-иу ӕй федта, уыдонӕй алкӕй зӕрдӕмӕ дӕр цыди Естер.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 2:15
10 Iomraidhean Croise  

Изӕры-иу бахызти паддзахы къӕсӕрӕй, райсомӕй та йӕ фӕндаг уыди сылгоймӕгты ӕндӕр хатӕнмӕ, паддзахы номылустытӕ кӕм цардысты, уырдӕм. Уым хицау уыди Шаашгаз. Паддзах ӕй йӕхӕдӕг ма ӕрцагурӕд, ӕндӕр ӕм чызгӕн фӕндаг нал уыди.


Ксерксӕн йӕ паддзахиуӕджы ӕвдӕм аз бахызти йӕ къӕсӕрӕй Естер. Уый уыди дӕсӕм мӕйы, теветы.


Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой.


Аманмӕ, иудейӕгты знагмӕ, исбонӕй цыдӕриддӕр уыди, уый тӕккӕ уыцы бон паддзах Ксеркс ӕхсин-паддзах Естерӕн радта, Мардохеймӕ та фӕсидти, уымӕн ӕмӕ йын Естер раргом кодта, Мардохей йын цы бавӕййы, уый.


Ӕхсин-паддзах Естер, Авихаилы чызг, иудейаг Мардохеимӕ ногӕй ныффыста Пуримы тыххӕй ӕмӕ йын йӕ бӕрӕгбон сфидар кодта. Ӕмӕ фӕхӕццӕ ис уыцы фыст, цардамонд ӕмӕ ӕдасдзинадыл дзурӕг, Ксерксы паддзахады сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы цӕрӕг иудейӕгтӕм се ’ппӕтмӕ дӕр.


Дунедарӕджы тас ахуыр кӕны уӕлзондыл, кады разӕй цӕуы сӕрныллӕгдзинад.


фӕлӕ се ’хсӕн иунӕг уый равзӕрстон — мӕ сыгъдӕг бӕлоны; йӕ ныййарӕг мадӕн — иунӕг чызг, йӕ цӕсты рухс. Чызджытӕ йӕм кӕсынц ӕмӕ йӕ стауынц, кад ын кӕнынц ус-паддзӕхтӕ ӕмӕ номылустытӕ.


— О, сис дӕн ӕз, мӕ риутӕ та — мӕсгуытӕ, йӕ хорзӕхы аккаг мӕ уымӕн скодта!


ӕмӕ йын ӕххуыс кодта йӕ алы зынты. Балӕвар ын кодта зонд, стӕй, Мысыры ӕмӕ йӕ йе ’ппӕт галуаны сӕргъы чи сӕвӕрдта, уыцы фараоны, Мысыры паддзахы, хорзӕх.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan