Естер 2:14 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст14 Изӕры-иу бахызти паддзахы къӕсӕрӕй, райсомӕй та йӕ фӕндаг уыди сылгоймӕгты ӕндӕр хатӕнмӕ, паддзахы номылустытӕ кӕм цардысты, уырдӕм. Уым хицау уыди Шаашгаз. Паддзах ӕй йӕхӕдӕг ма ӕрцагурӕд, ӕндӕр ӕм чызгӕн фӕндаг нал уыди. Faic an caibideil |
«Паддзахы дӕлбартӕ иууылдӕр ӕмӕ йӕ паддзахады адӕмтӕ се ’ппӕт дӕр хорз куы зонынц, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, чифӕнды ма уӕд, ӕнӕхонгӕйӕ паддзахмӕ, мидӕггаг кӕртмӕ, бацыди, зӕгъгӕ, уӕд ын ӕнӕ маргӕ нӕй. Кӕд ӕмӕ йӕм паддзах йӕ сыгъзӕрин лӕдзӕг ӕрбадаргъ кӕна, уӕд ӕрбацӕуӕг удӕгасӕй баззайдзӕни. Мӕнмӕ та ныр дӕс ӕмӕ ссӕдз боны дӕргъы паддзахӕй дзырд нӕ уыди, ардӕм рацу, зӕгъгӕ».