Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 2:13 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

13 Уый фӕстӕ чызгӕн паддзахмӕ фӕндаг уыди. Сылгоймӕгты хатӕнӕй паддзахы размӕ цӕугӕйӕ цӕмӕйфӕнды куы загътаид, хъӕуы мӕ, зӕгъгӕ, уӕддӕр ын ӕй лӕвӕрдтой.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 2:13
3 Iomraidhean Croise  

Мардохей та-иу ӕрвылбон фӕзынди сылгоймӕгты хатӕны кӕрты — Естер йӕхи куыд хаты, йӕ хъуыддӕгтӕ куыд сты, уый бӕрӕг кодта.


Паддзах Ксерксы размӕ бацӕуыны тыххӕй алы чызг дӕр, сылгоймагӕн куыд ӕмбӕлд, афтӕ дыууадӕс мӕйы дӕргъы йӕхи хъуамӕ цӕттӕ кодтаид: ӕхсӕз мӕйы йӕ буар миррӕйы сойӕ сӕрстаид, ӕхсӕз мӕйы та — алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ сылгоймаджы алыхуызон сӕрдӕнтӕй.


Изӕры-иу бахызти паддзахы къӕсӕрӕй, райсомӕй та йӕ фӕндаг уыди сылгоймӕгты ӕндӕр хатӕнмӕ, паддзахы номылустытӕ кӕм цардысты, уырдӕм. Уым хицау уыди Шаашгаз. Паддзах ӕй йӕхӕдӕг ма ӕрцагурӕд, ӕндӕр ӕм чызгӕн фӕндаг нал уыди.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan