11 Мардохей та-иу ӕрвылбон фӕзынди сылгоймӕгты хатӕны кӕрты — Естер йӕхи куыд хаты, йӕ хъуыддӕгтӕ куыд сты, уый бӕрӕг кодта.
Израил ын загъта: «Цу уӕдӕ ӕмӕ фен де ’фсымӕрты дӕр, фосы дӕр ӕмӕ мын сӕ бӕрӕг ӕрбахӕсс». Ӕмӕ йӕ фырты арвыста Хевроны дӕлвӕзӕй Шехеммӕ. Йосеф бахӕццӕ ис Шехеммӕ,
Чи у, кӕцӕй у, уыдӕтты тыххӕй Естер ницы дзырдта, уымӕн ӕмӕ йын Мардохейӕ афтӕ фӕдзӕхст уыди.
Паддзах Ксерксы размӕ бацӕуыны тыххӕй алы чызг дӕр, сылгоймагӕн куыд ӕмбӕлд, афтӕ дыууадӕс мӕйы дӕргъы йӕхи хъуамӕ цӕттӕ кодтаид: ӕхсӕз мӕйы йӕ буар миррӕйы сойӕ сӕрстаид, ӕхсӕз мӕйы та — алыхуызон хӕрздӕфгӕнӕнтӕ ӕмӕ сылгоймаджы алыхуызон сӕрдӕнтӕй.
Цасдӕр рӕстӕджы фӕстӕ Павел загъта Варнавӕйӕн: «Ацӕуӕм ӕмӕ, Бардарӕджы ныхас кӕдӕм ӕрхастам, ӕппӕт уыцы сахарты бабӕрӕг кӕнӕм не ’фсымӕрты, куыд цӕрынц, уый фенӕм».
Ацы дӕс цыхты та ахӕсс миныхицауӕн. Фен, де ’фсымӕртӕ куыд сты, цы сты, уый ӕмӕ, ӕнӕфыдбылыз кӕй сты, уый нысанӕн сӕ исты ӕрбахӕсс.