Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 10:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 Ксерксы фӕстӕ дыккаг лӕг уыди паддзахады иудейаг Мардохей. Тынг ӕй нымадтой ӕмӕ уарзтой йӕ адӕм. Йӕ адӕм ӕвыд ӕмӕ амондджынӕй куыд цӕрой, ууыл архайдта кӕддӕриддӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 10:3
17 Iomraidhean Croise  

Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ быгъдуан кӕнын мӕ галуан, мӕ адӕм дӕм иууылдӕр хъусдзысты. Ӕз дӕуӕй уӕлдӕр уыдзынӕн ӕрмӕст мӕ паддзахы номӕй».


Ӕрцӕрдзынӕ мӕнмӕ ӕввахс, Гошены зӕххыл, дӕ цот ӕмӕ дӕ цоты цотимӕ, ӕд лыстӕг фос, ӕд стурвос, ӕд исбон.


Уым дӕ тыхсын ницӕмӕй бауадздзынӕн. Стонг заман ма ахӕсдзӕни фондз азы, фӕлӕ нӕдӕр дӕхӕдӕг баййафдзынӕ исты хъуаг, нӕдӕр дӕ хӕдзаронтӕ, нӕдӕр дӕ фос“.


Ефремы хӕдзарвӕндагӕй иу богал, Зихри, зӕгъгӕ, амардта паддзахы фырт Маасеайы, стӕй паддзахы галуаны уагдар Азрикамы ӕмӕ паддзахы хӕдивӕг Елканайы.


Ацы хабӕрттӕ хоронаг Санбаллат, Самарийы бӕстыхицау, ӕмӕ Тобиа, аммонаг бӕрнон, куы фехъуыстой, уӕд сын тынг фӕхъыг, израилӕгтӕн, чи сыл ауда, ахӕм чидӕр кӕй фӕзынди, уый.


Уыцы рӕстӕг Шушаны царди Бениамины байзӕддагӕй иу иудейаг, йӕ ном Мардохей, Иудейы паддзах Йехониаимӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор Йерусалимӕй уацары кӕй ракодта, уыцы адӕмӕй. Мардохей уыди Иаиры фырт. Иаир та уыди Шимийы фырт, Кишы фырты фырт.


Паддзахы бардзырдмӕ гӕсгӕ, тӕрхоны хъуыддаджы лӕуд чидӕриддӕр уыди паддзахы галуаны, уыдон-иу ӕрзоныг кодтой ӕмӕ-иу зӕххыл ныддӕлгом сты Аманы раз. Мардохей та йӕ разы зоныгыл дӕр нӕ кодта ӕмӕ зӕххыл дӕр нӕ хауди.


Куыд зонын, афтӕмӕй дӕуӕн дӕ бон у сусӕгдзинӕдтӕ ӕмӕ зынӕвзарӕн хъуыддӕгтӕ ӕмбарын кӕнын. Уӕдӕ мын ныр ацы фыст куы бакӕсай ӕмӕ, цы нысан кӕны, уый куы зӕгъай, уӕд дӕ сфӕлынддзысты сӕнт сырх дарӕсы, дӕ хъуырыл дын ӕркӕндзысты сыгъзӕрин рӕхыс, паддзахады та ӕз ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ суыдзынӕ ӕртыккаг хицау».


Уӕд Балтасар йӕ лӕггадгӕнджытӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй Даниилы сӕнт сырх дарӕсы сфӕлындой, йӕ хъуырыл ын сыгъзӕрин рӕхыс ӕркӕной, стӕй ӕппӕт адӕмӕн фехъусын кӕной, паддзах ӕмӕ ус-паддзахы фӕстӕ паддзахады ӕртыккаг лӕгыл нымад кӕй уыдзӕни, уый.


Цыбыр рӕстӕгмӕ барджынтӕ ӕмӕ стыр хицӕутты ’хсӕн бӕрӕг дарын райдыдта, уымӕн ӕмӕ хайджын уыди алӕмӕты курдиатӕй. Дарийы фӕндыд Даниилы ӕгас паддзахады сӕргъы сӕвӕрын.


Ӕфсымӕртӕ, мӕ зӕрдӕйы фӕндиаг у, цӕмӕй израилӕгтӕ фервӕзой — уый тыххӕй ӕз кувын Хуыцаумӕ.


Йӕ ахӕм цардӕй Чырыстийӕн чи лӕггад кӕны, уый ӕлхӕны Хуыцауы зӕрдӕ, ӕмӕ дзы адӕм дӕр сты райгонд.


Израилӕгтӕ ӕмӕ иудейӕгтӕ та йӕ се ’ппӕт дӕр уарзтой, уымӕн ӕмӕ хӕстон балцыты лӕууыди сӕ сӕргъы.


Загъта йын: «Ма тӕрс, нӕ дӕм баххӕсдзӕни мӕ фыд Саулы къух. Ды паддзахиуӕг кӕндзынӕ Израилӕн, ӕз та дӕ фӕстӕ дыккаг лӕг уыдзынӕн. Уый мӕ фыд Саул дӕр зоны».


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan