Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 10:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Мардохейы лӕгдзинад ӕмӕ намысджын хъуыддӕгтӕ ӕмӕ, паддзах ӕй цы бӕрзӕндтӕм систа, ӕппӕт уыцы хабӕрттӕ сӕ бынат ссардтой Миди ӕмӕ Персы азфыстыты.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 10:2
10 Iomraidhean Croise  

Соломонӕн йӕ иннӕ хабӕрттыл та, йӕ хъуыддӕгтӕ ӕмӕ йӕ куырыхон зондыл дзырдӕуы Соломоны хъуыддӕгты чиныджы.


Йоровамы иннӕ хъуыддӕгтӕ, йӕ хӕстон хабӕрттӕ ӕмӕ, паддзахиуӕг куыд кодта, уыдӕттӕ, фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Ахавы иннӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — пылыстӕгӕй цы галуан сфӕлыста ӕмӕ цы сахартӕ рацарӕзта, уыдоны тыххӕй хабӕрттӕ — фыст ӕрцыдысты «Израилаг паддзӕхты азфыстыты чиныджы».


Уыйадыл хъуыддагмӕ каст ӕрцыди, сбӕлвырд ӕй кодтой ӕмӕ дыууӕйы дӕр бӕласыл ӕрцауыгътой. Ӕппӕт уыдӕттӕ та паддзахы цӕстыты раз азфыстмӕ хаст ӕрцыдысты.


Уыцы ӕхсӕв паддзахыл хуыссӕг нал хӕцыд. Ӕрвылбоны хабӕрттӕ фыст кӕм уыдысты, уыцы азфыст ӕрцагуырдта ӕмӕ йын ӕй хъӕрӕй кастысты.


Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


Паддзах йе ’нгуылдзӕй, Аманӕй фӕстӕмӕ кӕй райста, уыцы къухдарӕн рафтыдта, ӕмӕ йӕ Мардохейӕн радта, Естер та йӕ Аманы исбонӕн уагдарӕй сӕвӕрдта.


Уымӕн ӕмӕ бирӕ бартӕ уыди Мардохейӕн паддзахы хӕдзары. Йӕ кой паддзахады алы кӕрӕттӕм айхъуысти. Бонӕй-бон хъомысджындӕр кодта.


Уый фӕстӕ паддзах Даниилы ноджы уӕлдӕр систа, бирӕ зынаргъ лӕвӕрттӕ йын ракодта ӕмӕ йӕ ӕппӕт Вавилонийы хицауӕй сӕвӕрдта. Даниил сси вавилойнаг куырыхонты сӕргълӕууӕг.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan