8 Паддзахы уагдартӕ тыхдард никӕмӕн кодтой. Паддзахӕй сын дзырд уыди, цӕмӕй, кӕй цас фӕнды, уый бӕрц нуаза.
Нозтытӕн ӕрӕвӕрдтой алыхуызон сыгъзӕрин нуазӕнтӕ. Таучел ӕмӕ бонджын паддзах йӕ сӕны ӕвӕрӕнтыл дӕр фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцыд.
Ксерксы ус Вашти та паддзахы галуаны скодта куывд сылгоймӕгтӕн.
Махӕн нӕ фыдӕл Йонадав, Рехавы фырт, цыдӕриддӕр бафӕдзӕхста, уыдон иууылдӕр ӕххӕст кӕнӕм: никуы нуӕзтам сӕн — нӕдӕр нӕ устытӕ, нӕдӕр нӕ фырттӕ ӕмӕ нӕ чызджытӕ, нӕдӕр нӕхӕдӕг,
Дунедарӕджы къухы Вавилоны сахар уыди сыгъзӕрин кӕхц, ӕгас зӕхх дзы ныррасыг ис. Адӕмтӕ дзы сӕн нуӕзтой ӕмӕ сӕрра сты.
Уӕд та сын Йесо загъта: «Ныр дзы сӕвгӕнут ӕмӕ йӕ фынджы уагдармӕ ахӕссут». Ӕмӕ афтӕ бакодтой.