7 Нозтытӕн ӕрӕвӕрдтой алыхуызон сыгъзӕрин нуазӕнтӕ. Таучел ӕмӕ бонджын паддзах йӕ сӕны ӕвӕрӕнтыл дӕр фӕстӕмӕ нӕ фӕхӕцыд.
Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ уыдысты сыгъзӕринӕй конд, йӕ ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст галуаны дзауматӕ та иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыд, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы кад уыди.
Соломонӕн йӕ нуазӕнтӕ иууылдӕр уыдысты сыгъзӕринӕй конд, ливайнаг хъӕдӕй фӕлыст агъуысты дзауматӕ дӕр иууылдӕр — сыгъдӕг сыгъзӕринӕй конд. Ӕвзист дзаумайӕ йӕм ницы уыди, уымӕн ӕмӕ Соломоны заман ӕвзистӕн ницы аргъ уыд.
Паддзахы уагдартӕ тыхдард никӕмӕн кодтой. Паддзахӕй сын дзырд уыди, цӕмӕй, кӕй цас фӕнды, уый бӕрц нуаза.
Естеры кадӕн паддзах стыр куывд скодта йӕ барджынтӕ ӕмӕ йӕ уӕздӕттӕн. Сӕ фиддонтӕ фӕкъаддӕр сты йӕ паддзахады алы бӕстӕйӕн дӕр, йӕ зӕрдӕйы хорзӕй паддзахы лӕвӕрттӕ фӕкодта.
Йӕ кой айхъуыст ӕгас Сирийыл, ӕмӕ Йӕм хастой, алы низтӕ кӕй бадомдтой, ахӕмты: хӕйрӕджджынты, суртӕгӕнджыты, ӕндзыгнизӕй хъыгдӕрдты, ӕмӕ сӕ Йесо дзӕбӕх кодта.