Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 1:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Сӕ сӕрмӕ урс ӕмӕ ӕрвхуыз гӕн хъуымӕцтӕ ӕвзист хъайвантӕм ӕмӕ урс мраморӕй конд цӕджындзтӕм фидаргонд уыдысты урс, лыстӕг гӕнӕй конд, стӕй сӕнт сырх синӕгтӕй. Сыгъзӕрин ӕмӕ ӕвзист бадӕнтӕ лӕууыдысты порфир, мрамор, ӕргъӕу ӕмӕ ӕндӕр зынаргъ дуртӕй конд астӕрдыл.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 1:6
10 Iomraidhean Croise  

Паддзах фӕстӕмӕ куы ӕрбацыди ӕмӕ Аманы Естеры бадӕны раз гуыбырӕй куы федта, уӕд фӕхъӕр кодта: «Ӕхсин-паддзахмӕ дӕр ма дӕ зӕрдӕ бахъазыди мӕ тӕккӕ хӕдзары?!» Куыддӕр паддзахы дзыхӕй уыцы ныхӕстӕ схаудтой, афтӕ хъахъхъӕнджытӕ Аманы ацахстой.


Мардохей Ксерксӕй рацыди паддзахау хъӕздыг арӕзтӕй: ӕрвхуыз ӕмӕ урс зынаргъ дарӕсты, бӕрзонд зӕрин худы, лыстӕг гӕн ӕмӕ сӕнт сырх тӕбын уӕлӕфтауы. Шушан ради ӕмӕ цин кодта.


Цатырӕн сцӕттӕ кӕн дӕс уӕфтӕджы — здыхт гӕнӕй, ӕрвхуыз, тар сырх ӕмӕ сӕнт сырх тӕбынӕй. Сӕ уӕлӕ — херувимты дӕсны уафт фӕлгонцтӕ.


Семӕ-иу рӕсугъд фынгыл ӕрбадтӕ ӕмӕ-иу сын уыцы фынгыл ӕрӕвӕрдтай Мӕ буд ӕмӕ Мӕ сой.


Хӕсы ныхмӕ цы ’мбӕрзӕнтӕ райсынц, уыдоныл алы нывондхӕссӕны раз хуыссынц, сӕ Хуыцауы Кувӕндоны нуазынц сӕн — кӕйдӕр ивар!


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: фыййау иуӕй-иу хатт домбайы дзыхӕй фысы дыууӕ къахы кӕнӕ хъусы ’рдӕг куыд фелвасы, раст афтӕ фервӕздзысты, Самарийы хуыссӕнты ӕмӕ Дамаскы къӕлӕтджынты цы израилӕгтӕ улӕфынц, уыдон.


Пылыстӕг сынтӕджытыл хуыссут ӕмӕ буц дарут уӕхи; уӕрыччыты, хӕрзхаст родты фыд хӕрут, дыууадӕстӕнонтыл цӕгъдут ӕмӕ зарут — Давид ма уӕ кӕцӕй аййафдзӕн! Стыр кӕхцытӕй сӕн нуазут, хӕрздӕфгӕнӕнтӕй уӕхимӕ зилут, ӕмӕ уӕм Йосефы байзӕддӕгты сӕфт нымады дӕр нӕу!


Уый фыццаг нӕ разы кодта, нӕ бахӕрдзынӕн, зӕгъгӕ, фӕлӕ йӕм йӕ дӕлдӕртӕ дӕр ӕмӕ сылгоймаг дӕр ӕрхатыдысты, ӕмӕ сӕм байхъуыста. Сыстади зӕххӕй ӕмӕ сынтӕгыл ӕрбадти.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan