Естер 1:22 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст22 Йӕ паддзахады алы кӕрӕттӕм фыстӕджытӕ фервыста, алы ранмӕ дӕр бынӕттон ӕвзагыл, алы адӕммӕ дӕр — сӕхирдыгонау. «Алы нӕлгоймаг дӕр йӕ хӕдзары хицау уӕд», — азӕлыди алы ӕвзагыл дӕр. Faic an caibideil |
Афтӕмӕй фыццаг мӕйы ӕртындӕсӕм бон фӕсидтысты паддзахы писыртӕм ӕмӕ, Аманы куыд фӕндыди, ахӕм уынаффӕ гӕххӕттыл ныффыстой паддзахы уагдартӕн. Бӕстӕйы алы рӕттӕм, паддзахады алы адӕмты хицӕуттӕм ӕй фервыстой — алы адӕмӕн йӕхи ’взагыл, йӕхирдыгонау фыстӕй. Уынаффӕ рахастой паддзах Ксерксы номӕй ӕмӕ йӕ паддзахы къухдарӕнӕй бафидар кодтой.
Уыйадыл ӕртыккаг мӕйы, сиваны, дыууын ӕртыккӕгӕм бон паддзахы нымӕрдартӕ ныффыстой ног уынаффӕ, Мардохей куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Ӕппӕт иудейӕгтӕм, стӕй, паддзахады цы сӕдӕ дыууын авд бӕстӕйы ис — Индийӕ Эфиопийы онг, уыдоны хицӕуттӕ, бардартӕ ӕмӕ сӕргълӕуджытӕм ӕй фӕхӕццӕ кодтой: алы ранмӕ дӕр сӕхирдыгонау фыстӕй, алы адӕммӕ — сӕхи ’взагыл, иудейӕгтӕм дӕр афтӕ — сӕхирдыгонау фыстӕй, сӕхи ’взагыл.