Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 1:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уӕд Ксерксы паддзахы бадӕн Шушаны уыди.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 1:2
10 Iomraidhean Croise  

Паддзах ӕрцарди йӕ галуаны. Дунедарӕг ӕй сӕдас кодта йӕ алфамбылай знӕгтӕй.


Ныридӕгӕн йӕ паддзахы бадӕны сбадти Соломон.


Хакалиайы фырт Неемиа загъта. Кислевы мӕйы, Артаксеркс ссӕдзӕм аз паддзахиуӕг куы кодта, уӕд, ӕз уыдтӕн Шушаны сахары фидары, ӕмӕ мӕм ме ’фсымӕртӕй иу, Ханани, цалдӕр иудейагимӕ ’рбацыди. Ӕз сӕ бафарстон, уацары чи нӕ уыди, уыцы иудейӕгтӕй ма ӕгас чи уыди, уыдоны, стӕй Йерусалимы тыххӕй.


Паддзах йӕ бӕстӕйы алы рӕтты снысан кӕнӕд, йӕ зӕрдӕ кӕуыл дары, ахӕм адӕймӕгты. Уыдон Шушанмӕ, сылгоймӕгты хатӕнмӕ, ӕрхондзысты ӕппӕты рӕсугъддӕр чызджыты. Паддзахы сылдоны хицау Хегайы бӕрны сӕ бакӕндзысты, цӕмӕй алы хӕрздӕфгӕнӕнтӕй сӕхимӕ базилой.


Уыцы рӕстӕг Шушаны царди Бениамины байзӕддагӕй иу иудейаг, йӕ ном Мардохей, Иудейы паддзах Йехониаимӕ Вавилоны паддзах Навуходоносор Йерусалимӕй уацары кӕй ракодта, уыцы адӕмӕй. Мардохей уыди Иаиры фырт. Иаир та уыди Шимийы фырт, Кишы фырты фырт.


Фӕдисӕттӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты паддзахы бардзырд сӕххӕст кӕнынмӕ. Уыцы уынаффӕ фехъусын чындӕуыд Шушаны фидары. Паддзах ӕмӕ Аман куывды ӕрбадтысты, Шушаны сахар та схъомпал ис.


«Цӕугӕ ӕмӕ, Шушаны цы иудейӕгтӕ ис, уыдоны ӕрбамбырд кӕн, ӕмӕ мӕн тыххӕй ком бадарут — ӕртӕ боны ӕмӕ ӕртӕ ’хсӕвы хӕргӕ дӕр ӕмӕ нуазгӕ дӕр мацы бакӕнут. Ӕз дӕр мӕ лӕггадгӕнӕг сылгоймӕгтимӕ афтӕ ком дардзынӕн ӕмӕ стӕй, кӕд уагӕвӕрд уый нӕ бары, уӕддӕр паддзахмӕ бацӕудзынӕн ӕмӕ, кӕд мӕлон, уӕд уадз ӕмӕ амӕлон».


Ӕрбацыдысты мӕм дӕсныфӕрсджытӕ, кӕлӕнгӕнджытӕ, стъалыдӕснытӕ ӕмӕ халдейаг куырыхонтӕ. Фын сын куы радзырдтон, уӕд ӕй сӕ бон райхалын не сси.


Мӕ цӕстылуайӕны февзӕрдтӕн Еламы бӕсты, бырутӕй ӕхгӕд сахар Шушаны, Улайы доны был.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan