Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 1:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд ӕмӕ йӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг уагӕвӕрдты ныффыссӕд: Ваштийӕн паддзах Ксерксмӕ фӕндаг нал ис. Паддзах ын йӕ бынатмӕ равзарӕд ӕндӕр сылгоймаг, Ваштийӕ хуыздӕр.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 1:19
10 Iomraidhean Croise  

Ӕппӕт Израилы адӕмыл дӕр айхъуысти паддзахы тӕрхоны хабар, ӕмӕ йын аргъуыц кӕнын райдыдтой, уымӕн ӕмӕ федтой, Хуыцауы уӕлзондӕй хайджын тӕрхонгӕнӕг кӕй у, уый.


Ныридӕгӕн уал персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕхсинтӕ фехъуыстой Ваштийы хабар. Тӕккӕ абон ӕй сӕ лӕгты хъусты бацӕгъддзысты, ӕмӕ уӕд — худинаг ӕмӕ аллайаг.


Паддзах ӕмӕ йӕ уӕздӕтты зӕрдӕмӕ фӕцыдысты уыцы ныхӕстӕ, ӕмӕ Ксеркс, Мемухан ын куыд бацамыдта, афтӕ бакодта.


Фӕстӕдӕр, Ксерксӕн йӕ маст куы ’рсабыр, уӕд Ваштийы мысын райдыдта. Сылгоймаджы ми ӕмӕ йӕхи уынаффӕйыл ныссагъӕс кодта.


Загъта: «Кӕд мӕ паддзахы хорзӕх ис ӕмӕ йын кӕд уыцы хъуыддаг фӕндон у ӕмӕ йӕ растыл нымайы, уӕд аивӕд, агагаг Хаммедатайы фырт Аман ӕппӕт паддзахады иудейӕгты ныццӕгъдыны тыххӕй цы уынаффӕ рахаста, уый.


Ныр сымах дӕр паддзахы номӕй бардзырд ныффыссут иудейӕгты тыххӕй, уӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ, цавӕр хъӕуы, ахӕм. Паддзахы къухдарӕнӕй йӕ сфидар кӕнут: паддзахы номӕй фыст ӕмӕ йӕ къухдарӕнӕй фидаргонд уынаффӕйӕн ӕнӕ сӕххӕстгӕнгӕ нӕй».


Ӕмӕ дур ӕрбахастой ӕмӕ йӕ хъоргъмӕ ныххизӕныл ныффӕлдӕхтой. Паддзах ыл йӕхи ӕмӕ йе ’лдӕртты къухдарӕнтӕй мыхуыртӕ сӕвӕрдта, — Даниилӕн цы тӕрхон рахастой, уымӕн аивӕн кӕй нӕй, уый нысанӕн.


Самуел ын загъта: «Гъе афтӕ дӕуӕй дӕр абон Дунедарӕг ратыдта Израилы паддзахад ӕмӕ йӕ радта ӕндӕрӕн, дӕуӕй хуыздӕрӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan