Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 1:18 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

18 Ныридӕгӕн уал персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕхсинтӕ фехъуыстой Ваштийы хабар. Тӕккӕ абон ӕй сӕ лӕгты хъусты бацӕгъддзысты, ӕмӕ уӕд — худинаг ӕмӕ аллайаг.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 1:18
4 Iomraidhean Croise  

Уыди йын авдсӕдӕ усы, уӕздан мыггӕгтӕй, стӕй ӕртӕсӕдӕ номылусы, ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ Хуыцаумӕ ӕруазал кодтой.


Уымӕн ӕмӕ Ваштийы ми сылгоймӕгты хъусыл ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ сӕ лӕгты нал нымайдзысты. Зӕгъдзысты, паддзах Ксерксӕн дӕр ма, дам, йӕ ус Вашти йӕ коммӕ куы нӕ бакасти, зӕгъгӕ.


Кӕд паддзахӕн фӕндон у, уӕд ахӕм уынаффӕ рахӕссӕд ӕмӕ йӕ персайнаг ӕмӕ мидиаг уагӕвӕрдты ныффыссӕд: Ваштийӕн паддзах Ксерксмӕ фӕндаг нал ис. Паддзах ын йӕ бынатмӕ равзарӕд ӕндӕр сылгоймаг, Ваштийӕ хуыздӕр.


Дзуапп ын куы раттынц йӕ лӕггадгӕнджытӕ, зондджын сылгоймӕгтӕ, стӕй йӕхӕдӕг дӕр афтӕ куы фӕзӕгъы:


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan