Biblia Todo Logo
Bìoball air-loidhne

- Sanasan -




Естер 1:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Уымӕн ӕмӕ Ваштийы ми сылгоймӕгты хъусыл ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ сӕ лӕгты нал нымайдзысты. Зӕгъдзысты, паддзах Ксерксӕн дӕр ма, дам, йӕ ус Вашти йӕ коммӕ куы нӕ бакасти, зӕгъгӕ.

Faic an caibideil Dèan lethbhreac




Естер 1:17
5 Iomraidhean Croise  

Давиды сахармӕ Дунедарӕджы Фидыды Чырын куы бацӕйластой, уӕд Саулы чызг Мелхолӕ рудзынгӕй ракаст, паддзах Давиды Дунедарӕджы раз фыр цинӕй гӕппытӕгӕнгӕ ӕмӕ кафгӕ федта ӕмӕ йыл йӕ мидзӕрдӕйы бабылысчъил.


Ксеркс куы сси паддзах, уӕд та цъыфкалӕнтӕ фӕфыстой Иудейы ӕмӕ Йерусалимы цӕрджытыл.


Мемухан загъта паддзахӕн ӕмӕ ӕлдӕрттӕн: «Вашти ӕрмӕст паддзахы раз нӕ, фӕлӕ ӕппӕт ӕлдӕрттӕ ӕмӕ, Ксерксы паддзахады цы адӕм ис, ӕппӕт уыдоны раз у аххосджын.


Ныридӕгӕн уал персайнаг ӕмӕ мидиаг ӕхсинтӕ фехъуыстой Ваштийы хабар. Тӕккӕ абон ӕй сӕ лӕгты хъусты бацӕгъддзысты, ӕмӕ уӕд — худинаг ӕмӕ аллайаг.


Уыимӕ — сымахмӕ дӕр: алчидӕр, йӕхи куыд уарзы, афтӕ уарзӕд йӕ усы, ус та аргъуыц кӕнӕд йӕ лӕгӕн.


Lean sinn:

Sanasan


Sanasan